Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Дарддӕр дӕр фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕс

Дарддӕр дӕр фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕс

Хуыцауы Паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕн, уымӕ рагӕй бӕллыс? Кӕд зындзинӕдтыл сӕмбӕлыс, уӕддӕр ӕм фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсыс? (Ро 8:25). Чырыстӕттӕ алыхуызон зындзинӕдтӕ ӕвзарынц: кӕмӕй се сӕфт уынынц, кӕй ӕфхӕргӕ кӕнынц, кӕй дзы ахӕстоны сбадын кӕнынц, кӕмӕ та дзы суанг ӕртхъирӕн дӕр фӕкӕнынц, амардзыстӕм дӕ, зӕгъгӕ. Бирӕтӕ та сӕ удхар кӕнынц низты аххосӕй кӕнӕ сыл азтӕ сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй.

Зын уавӕрты нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм? Хъуамӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм, Библи алы бон дӕр кӕсӕм ӕмӕ йыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм. Хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, цы ныфс нын ис, ууыл (2Кр 4:16–18; Дзт 12:2). Хъуамӕ Йегъовӕмӕ кувӕм ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй нын йӕ сыгъдӕг тых дӕттӕ (Лк 11:10, 13; Дзт 5:7). Нӕ уарзӕгой Фыдӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын баххуыс кӕна, «цӕмӕй цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууӕм» (Кл 1:11).

БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ХЪУАМӔ „ФӔРАЗОНӔЙ ЗГЪОРӔМ“. ФИДАР НЫФС НӔ УӔД, НӔ ХӔРЗИУӔГ КӔЙ РАЙСДЗЫСТӔМ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТУТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Адӕймагыл ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕр хабӕрттӕ ӕрцӕуы? (Ек 9:11, 12)

  • Зындзинӕдты рӕстӕг нын куывд куыд баххуыс кӕны?

  • Кӕд нӕ бон Йегъовӕйӕн раздӕрау лӕггад кӕнын нал у, уӕддӕр, нӕ бон цы у, ууыл фылдӕр цӕмӕн хъуамӕ хъуыды кӕнӕм?

  • Дӕ хӕрзиуӕг дӕ цӕстыты раз уӕд

    Нӕ хӕрзиуӕг кӕй райсдзыстӕм, уымӕй нӕ фидар ныфс цӕмӕн ис?