Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ йӕ цард фӕивыныл чи нӕ архайы, уыдонимӕ Библи ахуыр кӕнын нал хъӕуы

Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ йӕ цард фӕивыныл чи нӕ архайы, уыдонимӕ Библи ахуыр кӕнын нал хъӕуы

УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У. Цӕмӕй адӕймаг фервӕза, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕмӕ йӕ номӕй кува (Ро 10:13, 14). Фӕлӕ Библи ахуыр кӕныныл чи сразы вӕййы, уыдонӕй алкӕй нӕ фӕфӕнды йӕ цард Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ аразын. Мах уацамынды нӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕнӕм, цӕмӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм. Кӕд адӕймагимӕ Библи дзӕвгар рӕстӕг ахуыр кӕнӕм, фӕлӕ йӕ цард Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ нӕ аразы, уӕд раст уаид, йемӕ куы нал ахуыр кӕниккам ӕмӕ, Йегъовӕ йӕхимӕ кӕй ӕрбакӕны, уыдонӕн куы ӕххуыс кӕниккам (Ин 6:44). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рӕстӕг куы рацӕуа ӕмӕ бӕрӕг куы уа, адӕймаджы «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын» кӕй фӕнды, уӕд та йемӕ Библи ӕхсызгонӕй ахуыр кӕнын райдайдзыстӕм (Хъд 13:48).

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН:

  • Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый бӕлвырд зонындзинӕдтӕм кӕй тырны, уый тыххӕй-иу дзы раппӕл (1Тм 2:4).

  • Ӕмбарын ын кӕн, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй, цы базоны, уымӕ гӕсгӕ йӕ цард ива (Лк 6:46–49).

  • Аныхас кӕн, Чырысти тауӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, ууыл. Зӕгъ ын, цӕмӕй ахъуыды кӕна, цы базоны, уымӕ гӕсгӕ цӕрын ӕй цы хъыгдары, ууыл (Мф 13:18–23).

  • Фӕлмӕнӕй йын бамбарын кӕн, йемӕ Библи цӕуылнӕуал ахуыр кӕндзынӕ, уый.

  • Зӕгъ ын, кӕй-иу ӕй абӕрӕг кӕндзынӕ, ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын куы райдайа, уӕд та йемӕ Библи ахуыр кӕнын кӕй райдайдзынӕ.

БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРДТӔМ ГӔСГӔ ЙӔ ЦАРД ФӔИВЫНЫЛ ЧИ НӔ АРХАЙЫ, УЫДОНИМӔ БИБЛИ АХУЫР КӔНЫН НАЛ ХЪӔУЫ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТУТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Библи чи ахуыр кӕны, уыцы нӕлгоймаг йӕ цард Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй нӕ аразы, уый сӕ ныхасӕй куыд зыны?

  • Ӕфсымӕр ын куыд баххуыс кодта, цӕмӕй бамбӕрстаид, царды йӕ цыдӕр аивын кӕй хъӕуы?

  • Ӕфсымӕр нӕлгоймагӕн куыд бамбарын кодта, фӕстӕдӕр ӕй куы бафӕнда, уӕд та ногӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын кӕй райдайдзӕн?