Цӕвиттон оливӕбӕласы тыххӕй
Оливӕбӕласы хӕйттӕ цӕмӕ амонынц?
-
Бӕлас амоны, Хуыцау Авраамимӕ цы бадзырд скодта, уый куыд сӕххӕст уыдзӕн, уымӕ
-
Бӕласы зӕнг амоны Йесомӕ – уый у Авраамы байзӕддаг
-
Къалиутӕ амонынц, Авраамы байзӕддагмӕ ма ноджыдӕр чи хауы, уыцы 144 000 сӕрст чырыстонмӕ
-
Хуыцау кӕй «ӕрсаста», уыцы къалиутӕ амонынц, Чырыстийыл чи нӕ баууӕндыд, уыцы дзуттӕгтӕм
-
Оливӕбӕласыл Хуыцау цы къалиутӕ бафтыдта, уыдон амонынц, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чырыстӕттӕм ӕндӕр адӕмтӕй
Пехуымпарады куыд загъд уыд, афтӕмӕй Чырысти ӕмӕ 144 000 сӕрст чырыстоны «зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕн дӕр» стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзысты (Ро 11:12; Рд 22:18).
Йегъовӕ Авраамимӕ байзӕддаджы тыххӕй цы бадзырд скодта, уый куыд сӕххӕст кодта, уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?