Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

15–21 январы

ИОВ 36, 37

15–21 январы

147 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Йегъовӕ нӕ ӕнусон цардӕй кӕй схайджын кӕндзӕн, ууыл цӕмӕн ис ӕууӕндӕн?

(10 мин.)

Йегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕнустӕм цӕры (Иов 36:26; w15 1/10 13 ф., 1, 2 абз.).

Йегъовӕ у стыр зонд ӕмӕ тыхы хицау; уый афтӕ бакодта, цӕмӕй зӕххыл цард уа (Иов 36:27, 28; w20.05 22 ф., 6 абз.).

Йегъовӕ нын амоны, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм (Иов 36:4, 22; Ин 17:3).


Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдыл, ома нӕ ӕнусон цардӕй кӕй схайджын кӕндзӕн, ууыл, фидарӕй куы ӕууӕндӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн нӕ зындзинӕдтӕ сфӕразын (Дзт 6:19; w22.10 28 ф., 16 абз.).

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Иов 37:20. Раджы заманты-иу цавӕрдӕр хабар иу ранӕй иннӕмӕ куыд фӕхӕццӕ? (it-2-U 314 ф., 6 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайӕн куыд ис?

(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ (lmd 3 урок, 3 пункт).

5. Адӕймаджы-иу ногӕй бабӕрӕг кӕн

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ (lmd 2 урок, 5 пункт).

6. Цӕуыл ӕууӕндыс, уый иннӕтӕн ӕмбарын кӕн

(5 мин.). Раныхас: ijwfq 57 ф., 5–15 абз. Темӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты холокосты рӕстӕг цӕмӕн ӕфхӕрдтой?» (th 18 урок).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

49 зарӕг

7. Дӕхи бацӕттӕ кӕн, дохтырты ӕххуыс дӕ куы бахъӕуа, уымӕ

(15 мин.). Хистӕр нӕлгоймаджы раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Нӕ организаци нын алцыдӕр дӕтты, цӕмӕй нӕ бон уа, Хуыцау туджы тыххӕй цы закъон радта, уый ӕххӕст кӕнын (Хъд 15:28, 29). Уыдӕттӕй пайда кӕныс?

«Волеизъявление и доверенность относительно медицинского вмешательства» (dpa) ӕмӕ «Удостоверение личности» (ic). Ацы документты адӕймаг ныффыссы, тугимӕ баст хос кӕныны мадзӕлтты фӕдыл цы уынаффӕ рахаста, уый. Донаргъуыд хъусынгӕнджытӕн сӕ бон у, литературӕйӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕрӕй сӕхицӕн «Волеизъявление» райсын, сӕ сывӕллӕттӕн та (18 азы кӕуыл нӕма цӕуы, уыдонӕн) – «Удостоверение личности». Ацы документтӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр уой немӕ. Кӕд сӕ нӕма байдзаг кодтат кӕнӕ уын ивинаг сты, уӕд уыцы хъуыддаг тагъддӕр саразут.

«Информация для беременных» (S-401) ӕмӕ «Информация для пациентов, которым требуется хирургическое вмешательство или химиотерапия» (S-407). Ацы документтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй рагацау уынаффӕ рахӕссӕм медицинон фарстаты фӕдыл, уыимӕ тугимӕ баст хос кӕныны мадзӕлтты фӕдыл дӕр. Кӕд дӕхи бар нӕ дӕ кӕнӕ дын операци кӕнын хъӕуы, йе та ракӕй рынчын дӕ ӕмӕ дӕ дзӕбӕх кӕнын хъӕуы, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕй хъӕугӕ документ ракур.

Рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитет. Фӕлӕггад дзы кӕнынц фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Уыдоны бацӕттӕ кӕнынц, цӕмӕй-иу сӕ бон уа дохтыртӕн ӕмӕ хъусынгӕнджытӕн радзурын тугимӕ баст хос кӕныны мадзӕлтты тыххӕй. Уыцы ӕфсымӕртӕн сӕ бон у дӕ дохтыримӕ аныхас кӕнын алыхуызон хос кӕныны мадзӕлттыл, цӕмӕй дын туг ма бауадзой. Кӕд бахъӕуа, уӕд дын ссардзысты, ӕнӕ тугӕй хос кӕнынмӕ цӕттӕ чи у, ахӕм дохтыр. Уыцы ӕфсымӕртӕм дӕ бон у кӕдфӕнды дӕр ӕмӕ цафонфӕнды дӕр бадзурын. Рынчындоны дӕ куы ӕвӕрой, операци кӕнын дын куы хъӕуа кӕнӕ дӕ, зӕгъӕм, ракӕй дзӕбӕх кӕнын куы хъӕуа, уӕд-иу уыцы ӕфсымӕртӕн уый тыххӕй тагъддӕр фӕхабар кӕн (афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ дын тугимӕ баст мадзӕлтты фӕрцы хос кӕнын нӕ бахъӕудзӕн, уӕддӕр). Уый хауы, йӕхи бар чи нӕу, уыцы хотӕм дӕр. Ӕххуыс дӕ куы хъӕуа, уӕд-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ракур, рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитеты чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕй искӕй номыр.

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитеттӕ цы куыст кӕнынц?» Стӕй хъусджыты бафӕрс:

Рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитеты ӕфсымӕртӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты, дӕхи дзӕбӕх кӕнын дӕ куы хъӕуа кӕнӕ дын операци кӕнын куы хъӕуа, уӕд?

8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 67 зарӕг ӕмӕ куывд