Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

22–28 январы

ИОВ 38, 39

22–28 январы

11 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Сфӕлдыстадыл ахъуыды кӕнынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕныс?

(10 мин.)

Йегъовӕ зӕхх куы сфӕлдыста, уӕд рӕстӕг рахицӕн кодта, цӕмӕй йӕ къухты фыдӕбоныл йӕ цӕст ахастаид (Рд 1:10, 12; Иов 38:5, 6; w21.08 10 ф., 7 абз.).

Зӕдтӕ хъуыды кодтой, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл (Иов 38:7; w20.08 14 ф., 2 абз.).

Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгтыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ сын куы аргъ кӕнӕм, уӕд ыл нӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дардзыстӕм (Иов 38:32–35; w23.03 17 ф., 8 абз.).

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Иов 38:8–10. Ацы стихтӕй цы ис базонӕн, Йегъовӕ цавӕр закъонӕвӕрӕг у, уый тыххӕй? (it-1-U 810 ф., 1, 2 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайӕн куыд ис?

(2 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймаджы ныхас кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уый бамбӕрстай ӕмӕ уӕ ныхас фӕдӕ, хӕларзӕрдӕйӕ дзурыс, афтӕмӕй (lmd 2 урок, 3 пункт).

5. Адӕймаджы-иу ногӕй бабӕрӕг кӕн

(5 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Уый размӕ адӕймагимӕ куы ныхас кодтай, уӕд дын загъта, зиан ыл кӕй ӕрцыд (lmd 9 урок, 3 пункт).

6. Раныхас

(5 мин.): lmd уӕлӕмхасӕн А, 1 пункт. Темӕ «Цы хабӕрттӕ цӕуы ӕмӕ адӕм цыхуызӕн сты, уымӕй бӕрӕг у, тагъд алцыдӕр кӕй фӕивдзӕн» (th 16 урок).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

111 зарӕг

7. Сфӕлдыстадыл хъуыды кӕн, цӕмӕй дӕ рох ма уа, ахсджиагдӕр цы у, уый

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Хӕйрӕг Иовыл бӕллӕхтӕ кӕй ӕруагъта ӕмӕ йын йе ’ртӕ ӕмбалы алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕй фӕкодтой, уый тыххӕй Иов йӕ зындзинӕдтыл сси ӕмӕ йӕхимӕ ныхъхъуыста.

Бакӕс Иов 37:14. Стӕй хъусджыты бафӕрс:

Иовы цы хъуыд аразын, цӕмӕй та йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардтаид?

Зындзинӕдты рӕстӕг сфӕлдыстадыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдыл дардзыстӕм, Йегъовӕ диссаджы Хуыцау кӕй у ӕмӕ нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдион уӕм, стӕй нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, йӕ бон ныл батыхсын кӕй у (Мф 6:26).

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Иовы чиныгӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм. Цӕрӕгойтӕ». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

Ацы видеоролик дын куыд баххуыс кодта, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр дарай?

8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 54 зарӕг ӕмӕ куывд