29 январӕй 4 февралмӕ
ИОВ 40–42
124 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)
1. Иовы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
(10 мин.)
Дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ цас зоны, ды уыйбӕрц кӕй нӕ зоныс (Иов 42:1–3; w10 15/10 3, 4 фф., 4–6 абз.).
Цӕттӕ у, Йегъовӕ ӕмӕ дын йӕ организаци цы уынаффӕтӕ фӕдӕттынц, уыдонмӕ байхъусынмӕ (Иов 42:5, 6; w17.06 25 ф., 12 абз.).
Йегъовӕ раарфӕ кӕны, фӕлварӕнты рӕстӕг ыл иузӕрдионӕй чи баззайы, уыдонӕн (Иов 42:10–12; Иак 5:11; w22.06 25 ф., 17, 18 абз.).
2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(10 мин.)
-
Иов 42:7. Иовы ӕртӕ ӕмбалы кӕй ныхмӕ дзырдтой? Уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, иннӕтӕ ныл нӕ дины тыххӕй куы худой, уӕд? (it-2-U 141 ф., 6 абз.)
-
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
3. Библийӕ бакӕсинаг
(4 мин.): Иов 42:1–17 (th 11 урок)
4. Ныхас райдайӕн куыд ис?
(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Хъусын кӕныс, чырыстон диныл хӕст чи нӕу, ахӕм адӕймагӕн (lmd 5 урок, 3 пункт).
5. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕн
6. Раныхас
(4 мин.): lmd уӕлӕмхасӕн А, 2 пункт. Темӕ «Зӕхх никуы фесӕфдзӕн» (th 13 урок).
108 зарӕг
7. Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы уарзт сӕхиуыл банкъарой
(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.
Хуыцау у уарзондзинад, ӕмӕ нын ӕхсызгон у ахӕм Хуыцауӕн лӕггад кӕнын (1Ин 4:8, 16). Фӕнды нӕ, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ дзы ма адард уӕм. Йӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕхиуыл ӕнкъарӕм, кӕй нӕ уарзы.
Мах архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕзмӕм. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, нӕ бинонтӕн, не ’мчырыстӕттӕн ӕмӕ иннӕтӕн куыд стӕм, уымӕй (Иов 6:14; 1Ин 4:11). Иннӕты кӕй уарзӕм, уый хъуыддагӕй куы февдисӕм, уӕд сын афтӕмӕй феххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы базоной ӕмӕ йӕм баввахс уой. Фӕлӕ афтӕ куы нӕ архайӕм, уӕд сын зын уыдзӕн бамбарын, Йегъовӕ сӕ кӕй уарзы.
Равдис ВИДЕОРОЛИК «Йегъовӕйы бинонты ’хсӕн ӕцӕг уарзондзинад ссардтам». Стӕй хъусджыты бафӕрс:
Ацы бинонты хабарӕй куыд зыны, уарзондзинад ахсджиаг кӕй у?
Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уыной, Йегъовӕ сӕ кӕй уарзы?
-
Йегъовӕйы зынаргъ фыстыл сӕ нымай (Пс 100:3)
-
Сӕ ныфсыл сын ныфс ӕфтау (Еф 4:29)
-
Архай, цӕмӕй-иу сӕ бамбарай (Мф 7:11, 12)
8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
(30 мин.): bt 5 сӕр, 1–8 абз., рамкӕ 43 ф.