30 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)
1. Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ царды хӕрам хъуыддӕгтӕ йеддӕмӕ ницы ис
(10 мин.)
Дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕ, раст цы нӕу, уый никуы фӕаразы (Иов 34:10; wp19.1 8 ф., 2 абз.).
Кӕд нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ фыдгӕнджытӕ ӕнӕфхӕрдӕй баззайынц, уӕддӕр Йегъовӕйӕ нӕ бамбӕхсдзысты (Иов 34:21–26; w17.04 10 ф., 5 абз.).
Ӕнаххосӕй ӕфхӕрд чи баййӕфта, уыдонӕн Йегъовӕйы тыххӕй куы дзурӕм, уӕд сын уый уыдзӕн ӕппӕты стырдӕр ӕххуыс (Иов 35:9, 10; Мф 28:19, 20; w21.05 7 ф., 19, 20 абз.).
2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(10 мин.)
-
Иов 35:7. Елиуйы цы зӕгъын фӕндыд, Иовӕн афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕ «дӕ къухӕй исты райсы»? (w17.04 29 ф., 3 абз.)
-
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
3. Библийӕ бакӕсинаг
(4 мин.): Иов 35:1–16 (th 10 урок)
4. Ныхас райдайӕн куыд ис?
(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймагӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъ (lmd 10 урок, 3 пункт).
5. Ныхас райдайӕн куыд ис?
(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Гыццыл сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, ахӕм адӕймагӕн равдис, сайты jw.org куыд ис ссарӕн, ныййарджытӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм ӕрмӕг (lmd 1 урок, 4 пункт).
6. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕн
(5 мин.): lff 13 урок, 5 дӕлсӕргонд (lmd 11 урок, 3 пункт).
58 зарӕг
7. Фадат дын куы фӕзыны, уӕд фӕхъусын кӕныс?
(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.
Павел Тимофейӕн бафӕдзӕхста: «Хъусын кӕн Хуыцауы ныхас, уыцы хъуыддаг кӕн ӕвӕстиатӕй» (2Тм 4:2). Ныхӕстӕй, «уыцы хъуыддаг кӕн ӕвӕстиатӕй», зӕгъгӕ, цы грекъаг мивдисӕг ӕрцыд тӕлмац, уымӕй-иу хатт пайда кодтой, алкӕддӕр архайынмӕ цӕттӕ чи у, ахӕм ӕфсӕддоны кӕнӕ хъахъхъӕнӕджы кой кӕнгӕйӕ. Уыцы ныхӕстӕ ӕвдисынц, искӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ нӕ алкӕддӕр кӕй фӕфӕнды хорз хабары кой скӕнын ӕмӕ уымӕн фадат кӕй фӕагурӕм.
Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ дзы йе ’ппӕт хорздзинӕдты тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй йын йӕ рӕсугъд миниуджыты тыххӕй иннӕтӕн дзурӕм.
Бакӕс Псалом 71:8. Стӕй хъусджыты бафӕрс:
Иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй цы уарзыс дзурын?
Фадат нын куы фӕзыны, уӕд алы хатт дӕр фӕхъусын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ адӕмы уарзӕм.
Равдис ВИДЕОРОЛИК «Цалдӕр сӕдӕ адӕймаджы рӕстдзинад куыд ссардтой». Стӕй хъусджыты бафӕрс:
-
Иу ӕфсымӕр, фадат ын куы фӕзынд, уӕд хорз хабар кӕй фехъусын кодта, уый фӕрцы сӕдӕгай адӕм рӕстдзинад куыд базыдтой?
-
Раздӕр аргъуанмӕ чи цыд, уыдонӕн цы пайда ӕрхаста рӕстдзинад кӕй базыдтой, уый?
-
Адӕмы кӕй уарзӕм, уый нӕ куыд разӕнгард кӕны, цӕмӕй-иу хъусын кӕнӕм, фадат нын куы фӕзыны, уӕд?
-
Фадат нын куы фӕзыны, уӕд кӕй фӕхъусын кӕнӕм, уый хорз мадзал цӕмӕн у, цӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм Йегъовӕйы базонынӕн?
8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
(30 мин.): bt 4 сӕр, рамкӕ 37 ф.