Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

20–26 январы

ПСАЛОМТӔ 138, 139

20–26 январы

93 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Ӕмбырды дзуапп дӕттын ма ’фсӕрмы кӕн

(10 мин.)

Мах фӕнды Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кадджын кӕнын (Пс 138:1).

Ӕмбырды дзуапп дӕттын куы ’фсӕрмы кӕнай, уӕд-иу ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ дын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл (Пс 138:3).

Ӕмбырды дзуапп дӕттын кӕй ӕфсӕрмы кӕныс, уый цӕмӕйдӕр хорз у (Пс 138:6; w19.01 10 ф., 10 абз.).

УЫНАФФӔ. Цыбыр дзуаппытӕ дӕтт, цӕмӕй къаддӕр тыхсай (w23.04 21 ф., 7 абз.).

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Пс 139:21, 22. Чырыстӕттӕ хъуамӕ алкӕмӕн дӕр хатыр кӕной? (it-2-U 562 ф., 2 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ (lmd 2 урок, 3 пункт).

5. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ. Адӕймагӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъ ӕмӕ йын равдис, адӕмимӕ Библи куыд фӕахуыр кӕнӕм, уый (lmd 10 урок, 3 пункт).

6. Раныхас

(5 мин.): ijwyp, 105 статья. Темӕ «Мӕ бон цы у саразын, цӕмӕй ӕфсӕрмыгӕнаг мауал уон?» (th 16 урок).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

59 зарӕг

7. Кӕд ӕфсӕрмыгӕнаг дӕ, уӕддӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ дын дӕ лӕггад циндзинад хӕсса

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Мыййаг, ӕфсӕрмыгӕнаг адӕймаг дӕ? Кӕд о, уӕд дӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕфӕнды, цӕмӕй дӕм иннӕтӕ се ’ргом ма здахой. Искӕимӕ аныхас кӕнын дӕ кӕй хъӕуы, ууыл ӕрмӕст хъуыды куы акӕныс, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, дӕ къӕхтӕ адон вӕййынц? Ӕфсӕрмыгӕнаг чи у, уыдонӕн хатт зын вӕййы, цы сӕ фӕфӕнды, уый аразын. Фӕлӕ уӕддӕр уыдонӕй бирӕтӕн сӕ бон у адӕмӕн Библийы тыххӕй дзурын ӕмӕ сын сӕ лӕггад циндзинад хӕссы. Сӕ цӕвиттонтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Лӕггад кӕнын, кӕд ӕфсӕрмыгӕнаг дӕн, уӕддӕр». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Хо Лорӕйӕн йӕ мадымады ныхӕстӕ куыд баххуыс кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйӕн ӕппӕт тыхтӕй лӕггад кӕна?

Библийӕ базонӕн ис, Моисей, Йереми ӕмӕ Тимофей ӕфсӕрмыгӕнаг кӕй уыдысты (Рц 3:11; 4:10; Йер 1:6–8; 1Тм 4:12). Фӕлӕ сын уӕддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ бантыст, уымӕн ӕмӕ сын ӕххуыс кодта (Рц 4:12; Йер 20:11; 2Тм 1:6–8).

Бакӕсут Исайы 43:1, 2. Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

Ӕфсӕрмыгӕнаг чи у, уыдонӕн Йегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сын сӕ лӕггад циндзинад хӕсса?

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Донаргъуыд куы райсай, уӕд ӕцӕг амондджын цӕй фӕрцы суыдзынӕ?» (скъуыддзаг). Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Йегъовӕ хо Лоурейнийӕн йӕ лӕггады куыд ӕххуыс кӕны?

  • Ӕфсӕрмыгӕнаг чи у, уыдон уацамынды куы цӕуой, уӕд сын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 151 зарӕг ӕмӕ куывд