27 январӕй 2 февралмӕ
ПСАЛОМТӔ 140–143
44 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)
1. Йегъовӕйӕ цы курыс, уымӕ гӕсгӕ архай
(10 мин.)
Уынаффӕ дын куы раттынц, уӕд-иу ӕм байхъус (Пс 141:5; w22.02 12 ф., 13, 14 абз.).
Хъуыды-иу кӕн, Йегъовӕ дын-иу куыд баххуыс кодта, ууыл (Пс 143:5; w10 15/3 32 ф., 4 абз.).
Алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕс (Пс 143:10; w15 15/3 32 ф., 2 абз.).
140–143 псаломты фыст ис, Давид Йегъовӕмӕ куыд куывта, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ куывдтытӕм гӕсгӕ куыд архайдта, уый тыххӕй дӕр.
2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(10 мин.)
-
Пс 140:3. Давид ӕвзӕргӕнджыты ӕвзаг калмы маргимӕ цӕмӕн абарста? (it-2-U 1277 ф., 3 абз.)
-
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
3. Библийӕ бакӕсинаг
(4 мин.): Пс 141:1–10 (th 12 урок)
4. Ныхас райдайын
(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймагӕн баххуыс кӕнын кӕй хъӕуы, уый куы фенай, уӕд уал ын баххуыс кӕн ӕмӕ йын уый фӕстӕ Библийы тыххӕй радзур (lmd 3 урок, 5 пункт).
5. Адӕймаджы ногӕй бабӕрӕг кӕнын
(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ. Адӕймаг дын загъта, кӕй йӕ не ’вдӕлы (lmd 7 урок, 3 пункт).
6. Цӕуыл ӕууӕндыс, уый иннӕтӕн ӕмбарын кӕн
(5 мин.). Равдыст: ijwfq, 21 статья. Темӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ туг бауадзыныл цӕуылнӕ разы кӕнынц?» (th 7 урок).
141 зарӕг
7. Дӕхи бацӕттӕ кӕн, дохтырты ӕххуыс дӕ куы бахъӕуа, уымӕ
(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.
Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, зын сахат-иу нӕм уайтагъд ӕххуысмӕ кӕй фӕзындзӕн (Пс 46:1). Адӕймаджы дохтырты ӕххуыс куы бахъӕуы кӕнӕ йын операци кӕнын куы бахъӕуы, уӕд тынг фӕтыхсы. Фӕлӕ нын Йегъовӕйы организаци ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ахӕм уавӕртӕм цӕттӕ уӕм. Зӕгъӕм, ис нын «Волеизъявление и доверенность относительно медицинского вмешательства», «Удостоверение личности» a ӕмӕ ӕндӕр документтӕ b. Уымӕй уӕлдай ма нын ис рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитеттӕ. Уыдӕтты фӕрцы ӕххӕст кӕнӕм, Йегъовӕ туджы тыххӕй цы закъон радта, уый (Хъд 15:28, 29).
Равдис ВИДЕОРОЛИК «Дохтырты ӕххуыс дӕ куы бахъӕуа, уымӕ цӕттӕ дӕ?». Стӕй хъусджыты бафӕрс:
-
Чидӕртӕ туджы гӕххӕтт кӕй байдзаг кодтой, уый сын куыд баххуыс кодта?
-
Кӕмӕндӕрты документ «Информация для беременных» (S-401) куыд баххуыс кодта?
-
Зӕгъӕм дӕ рынчындоны ӕвӕрынц, операци кӕнын дын хъӕуы кӕнӕ дӕ ракӕй дзӕбӕх кӕнын хъӕуы. Уӕд рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитеты ӕфсымӕртӕн тагъддӕр фӕхабар кӕнын цӕмӕн хъӕуы, афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ дын тугимӕ баст мадзӕлтты фӕрцы хос кӕнын нӕ бахъӕудзӕн, уӕддӕр?
8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
(30 мин.): bt 21 сӕр, 14–22 абз.
Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | ӕмӕ куывд
a Донаргъуыд хъусынгӕнджытӕн сӕ бон у, литературӕйӕн дзуапп чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕрӕй сӕхицӕн «Волеизъявление» райсын, сӕ сывӕллӕттӕй 18 азы кӕуыл нӕма цӕуы, уыдонӕн та – «Удостоверение личности».
b Куы хъӕуа, уӕд уӕ бон у хистӕр нӕлгоймӕгтӕй райсын документтӕ «Информация для беременных» (S-401), «Информация для пациентов, которым требуется хирургическое вмешательство или химиотерапия» (S-407) ӕмӕ «Информация для родителей, чей ребёнок нуждается в медицинской помощи» (S-55).