КУСӔН ТЕТРАД Январь 2018
Куыд ис аныхас кӕнӕн
Ӕртӕ хайӕ конд цӕвиттон, ӕцӕг чырыстӕтты тыххӕй ӕмӕ Библийы тыххӕй куыд ис аныхас кӕнӕн, уымӕн.
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
«Уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг»
Иоанн кодта хуымӕтӕг цард ӕмӕ йӕ хъарутӕ иууылдӕр сарӕзта Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ. Мах дӕр хуымӕтӕг цард куы кӕнӕм, уӕд Хуыцауы хъуыддаджы нӕ бон фылдӕр аразын уыдзӕн.
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Йесо адӕмӕн хохыл цы дзырдта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
Цӕуыл дзурӕг у, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый кӕй ӕмбарӕм? Уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй нӕхи куыд ӕфсадӕм, уыцы хъуыддаджы нӕ бон фӕхуыздӕр кӕнын цы у?
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
«Де ’фсымӕримӕ уал бафидау». Куыд?
Йесо цӕуыл ахуыр кодта, уымӕй куыд у бӕрӕг, не ’фсымӕртимӕ хӕларӕй кӕй хъуамӕ цӕрӕм, цӕмӕй Хуыцау нӕ лӕггадӕй райгонд уа?
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Мауал мӕт кӕнут
Йесо адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ цӕмӕн загъта, мауал мӕт кӕнут, зӕгъгӕ?
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Йесо адӕмы уарзта
Йесо-иу адӕмы куы дзӕбӕх кодта, уӕд-иу равдыста йӕ хъару. Фӕлӕ бирӕ ахсджиагдӕр уый уыд, ӕмӕ-иу афтӕмӕй Йесо равдыста, адӕмы куыд тынг уарзта ӕмӕ сын куыд тынг тӕригъӕд кодта, уый.
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Йесо адӕмӕн дзырдта, удӕнцой сын кӕй ратдзӕн
Донаргъуыд куы райстам, уӕд нӕхиуыл сӕвӕрдтам Йесойы ӕфсондз, ома нӕхимӕ цавӕрдӕр хӕстӕ райстам. Фӕлӕ нын уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнын уӕззау уаргъ нӕу, фӕлӕ удӕнцойы хос.