«Уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг»
-
Иоанны конд ӕмӕ уындӕй бӕрӕг уыд, хуымӕтӕг цард кӕй кодта ӕмӕ йӕ хъарутӕ иууылдӕр Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ кӕй сарӕзта
-
Иоаннмӕ ӕрхауд стыр кад – Йесойӕн фӕндаг ӕрцӕттӕ кӕнын. Ӕмӕ кӕд уый тыххӕй йӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодта, уӕддӕр уый уый аргъ уыд
Хуымӕтӕг цард куы кӕнӕм, уӕд Хуыцауы хъуыддаджы нӕ бон фылдӕр аразын уыдзӕн, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ цардӕй тынгдӕр райгонд уыдзыстӕм. Дӕ бон куыд у дӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын?
-
Ӕнӕмӕнг дӕ цы хъӕуы, уый сбӕрӕг кӕн
-
Дзӕгъӕл хӕрдзтӕ ма кӕн
-
Ныффысс, алы къуыри кӕнӕ дӕ алы мӕй ӕнӕмӕнг цы хъӕудзӕн ӕмӕ дӕ уыдӕттыл цас бахъӕудзӕн хардз кӕнын, уый
-
Кӕмӕй нӕ пайда кӕныс, уыцы дзауматӕ ауӕй кӕн кӕнӕ сӕ искӕмӕн ратт йе та сӕ аппар
-
Дӕ хӕстӕ бафид
-
Бацархай, цӕмӕй дӕ кусын къаддӕр рӕстӕг хъӕуа
Хуымӕтӕг цард куы кӕнон, уӕд мӕ къухы цавӕр нысан бафтдзӕн?