НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Мауал мӕт кӕнут
Йесо адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд загъта: «Уӕ удтыл мауал мӕт кӕнут» (Мф 6:25). Хӕйрӕджы дунейы цӕргӕйӕ ӕнӕххӕст адӕймаг мӕтӕй хызт нӕу. Фӕлӕ уӕддӕр Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕт кодтаиккой (Пс 13:2). Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ӕгӕр куы мӕт кӕнӕм, суанг нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттыл дӕр, уӕд нӕ уый къуылымпы кӕндзӕн, ӕмӕ нын зындӕр уыдзӕн фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурын (Мф 6:33). Йесо дарддӕр цы загъта, уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕгӕр мауал мӕт кӕнӕм.
-
Мф 6:26. Мӕргътӕм кӕсгӕйӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (bw572 9, 10 фф., 11–13 абз.).
-
Мф 6:27. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, адӕймаг ӕгӕр куы мӕт кӕна, уӕд йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ дзӕгъӕлы хардз кӕндзӕн? (w05 1/11 29 ф., 5 абз.).
-
Мф 6:28–30. Быдыры дидинджытӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (bw572 10, 11 фф., 15, 16 абз.).
-
Мф 6:31, 32. Чырыстӕттӕ иннӕ адӕмӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц? (bw572 11 ф., 17 абз.).
Цавӕр хъуыддӕгтыл мӕ нал фӕнды мӕт кӕнын?