Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАТФЕЙЫ 8, 9

Йесо адӕмы уарзта

Йесо адӕмы уарзта

Матфейы 8 ӕмӕ 9 сӕрты дзырд цӕуы, Йесо Галилейӕйы куы лӕггад кодта, уыцы рӕстӕгыл. Йесо-иу адӕмы куы дзӕбӕх кодта, уӕд-иу равдыста йӕ хъару. Фӕлӕ бирӕ ахсджиагдӕр уый уыд, ӕмӕ-иу афтӕмӕй Йесо равдыста, адӕмы куыд тынг уарзта ӕмӕ сын куыд тынг тӕригъӕд кодта, уый.

  1. Йесо сдзӕбӕх кодта хъотырджыны (Мф 8:1–3).

  2. Йесо сдзӕбӕх кодта ӕфсӕддон хицауы лӕггадгӕнӕджы (Мф 8:5–13).

    Сдзӕбӕх кодта Петры усы мады (Мф 8:14, 15).

    Хӕйрӕджджынты ӕмӕ рынчынты сдзӕбӕх кодта (Мф 8:16, 17).

  3. Йесо знӕт хӕйрӕджыты фӕсырдта ӕмӕ сӕ хуытӕм барвыста (Мф 8:28–32).

  4. Йесо сдзӕбӕх кодта, паралич кӕй ныццавта, ахӕм лӕджы (Мф 9:1–8).

    Йӕ дарӕсыл ын чи андзӕвыд, уыцы сылгоймаджы сдзӕбӕх кодта ӕмӕ Иаиры чызджы райгас кодта (Мф 9:18–26).

    Сдзӕбӕх кодта дыууӕ куырм лӕджы ӕмӕ ӕгомыг лӕджы (Мф 9:27–34).

  5. Йесо зылди горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл, ӕмӕ дзӕбӕх кодта алыхуызон низтӕй рынчынты ӕмӕ, нӕфӕразгӕ чи уыди, уыдоны (Мф 9:35, 36).

Мӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ноджы тынгдӕр бӕрӕг уа, адӕмы кӕй уарзын ӕмӕ сын кӕй тӕригъӕд кӕнын, уый?