Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАТФЕЙЫ 10, 11

Йесо адӕмӕн дзырдта, удӕнцой сын кӕй ратдзӕн

Йесо адӕмӕн дзырдта, удӕнцой сын кӕй ратдзӕн

11:28–30

«Ме ’фсондз у ӕнцонхӕссӕн»

Йесо хъӕддӕсныйы куыст кодта, ӕмӕ зыдта, хорз ӕфсондз куыд саразын хъӕуы. Уый тыххӕй-иу ӕфсондзыл арӕх хъуыди хъуымац кӕнӕ сӕрак ӕртухын, цӕмӕй адӕймагӕн йемӕ архайын ӕнцондӕр уыдаид. Донаргъуыд куы райстам, уӕд нӕхиуыл сӕвӕрдтам Йесойы ӕфсондз, ома нӕхимӕ цавӕрдӕр хӕстӕ райстам. Фӕлӕ нын уыцы хӕстӕ уӕззау уаргъ не сты. Кӕй сӕ ӕххӕст кӕнӕм, уый нын хӕссы удӕнцой ӕмӕ уый фӕрцы бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм.

Дӕхиуыл Йесойы ӕфсондз куы сӕвӕрдтай, уӕдӕй нырмӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын дӕ?