Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ПСАЛОМТӔ 87–91

Иунӕг Стыр Хуыцауы ӕмбӕхсӕн бынат макуы ныууадз

Иунӕг Стыр Хуыцауы ӕмбӕхсӕн бынат макуы ныууадз

Йегъовӕйы «ӕмбӕхсӕн бынаты» чи ис, уыдонӕн сӕ уырнындзинадӕн тӕссаг ницӕмӕй у

91:1, 2, 9–14

  • Йегъовӕйы ӕмбӕхсӕн бынаты цӕрын кӕй фӕнды, уыдон ын хъуамӕ сӕхи снывонд кӕной ӕмӕ донаргъуыд райсой

  • Хуыцауыл чи не ’ууӕнды, уыдон уыцы бынат нӕ зонынц

  • Йегъовӕйы ӕмбӕхсӕн бынаты чи ис, уыдоны ничи ӕмӕ ницы бахъыгдардзӕн, цӕмӕй Хуыцауыл ӕууӕндой ӕмӕ йӕ уарзой

«Цъиуахсӕг» архайы, цӕмӕй йӕ къӕппӕджы бахауӕм

91:3

  • Мӕргътӕ тынг къӕрцхъус кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ ӕрцахсын зын вӕййы

  • Цъиуахсӕг мӕргътӕм лӕмбынӕг фӕкӕсы ӕмӕ сын алыхуызон къӕппӕджытӕ ӕрхъуыды кӕны

  • Цъиуахсӕгау Хӕйрӕг дӕр лӕмбынӕг фӕкӕсы Йегъовӕйы адӕммӕ ӕмӕ алыхуызон къӕппӕджытӕ ӕрхъуыды кӕны, цӕмӕй сӕ Хуыцауӕй адард кӕна

Хӕйрӕг кӕмӕй пайда кӕны, уыцы къӕппӕджытӕй цыппар:

  • Адӕмӕй тӕрсын

  • Хъӕздыгдзинадмӕ бӕллын

  • Ӕвзӕр ирхӕфсӕнтӕ

  • Кӕрӕдзи кӕй нӕ бамбарӕм, уый