НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Рӕстдзинад амон
Сентябрӕй фӕстӕмӕ «Кусӕн тетрад»-ы уыдзӕн, ныхас райдайӕн куыд ис, уымӕн ног цӕвиттон ӕмӕ хуындзӕн «Рӕстдзинад амон». Нӕ нысан уыдзӕн адӕмӕн Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ фарстатӕ ӕмӕ стихты фӕрцы амонын.
Адӕймаджы фылдӕр базонын куы фӕнда, уӕд ӕм цӕмӕй иннӕ хатт ногӕй бацӕуӕм, уый тыххӕй йын уыдзӕн исты публикаци раттӕн кӕнӕ видеоролик равдисӕн. Хъуамӕ-иу бацархайӕм, цӕмӕй йӕм иу-цалдӕр боны фӕстӕ ногӕй бацӕуӕм ӕмӕ нӕ ныхас адарддӕр кӕнӕм. Нӕ ныхас-иу цӕмӕй райдайдзыстӕм, уый арӕзт уыдзӕн уӕлӕмхасӕн фарстатыл ӕмӕ стихтыл. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу ӕрмӕстдӕр Библийы фӕрцы адӕймагимӕ ногӕй аныхас кӕнӕм кӕнӕ Библийы ахуыр ауадзӕм.
Цардмӕ ӕрмӕстдӕр иу фӕндаг кӕны (Мф 7:13, 14). Уацамынды фӕныхас кӕнӕм, алыхуызон динтыл хӕст чи у, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у ӕмӕ алыхуызон бинонты ’хсӕн чи схъомыл, ахӕм адӕмимӕ. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ рӕстдзинад афтӕ амонӕм, цӕмӕй алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр фӕндаг ссарӕм (1Тм 2:4). Библийӕ алыхуызон темӕтыл арӕхстджынӕй ныхас кӕнын ӕмӕ «рӕстдзинады ныхас» раст ӕмбарын кӕнын куы сахуыр уӕм, уӕд нӕ циныл цин ӕфтдзӕн, ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнгӕйӕ ӕнтыстджын уыдзыстӕм (2Тм 2:15).