Уацамынды ныхас райдайӕн куыд ис
«КАК СТАТЬ ХОЗЯИНОМ СВОИХ ПРИВЫЧЕК»
Фарста: Кӕд ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын ӕнцон нӕу, уӕддӕр цымӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у?
Стих: Ек 7:8а
Публикаци: Ацы статьяты дзырд цӕуы, адӕймагӕн йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзынӕн Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, уыдоныл.
«КАК СТАТЬ ХОЗЯИНОМ СВОИХ ПРИВЫЧЕК»
Фарста: Куыд хъуыды кӕныс, адӕймагӕн йӕ царды исты куы фӕива, уӕд ын йӕ уавӕры цы баххуыс кӕндзӕн?
Стих: Ек 7:10
Публикаци: [10 фарсыл цы статья райдайы, уымӕ йын йӕ хъус ӕрдар.] Ацы статьяйы дзырд цӕуы, нӕ царды исты куы фӕива, уӕд нын Библийӕ цавӕр уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты, ууыл.
ПЪЛӔНТТӔЙ ПАЙДА КӔНЫН АХУЫР КӔН
Фарста: Не ’ппӕтӕн дӕр, уыимӕ нӕ бинонтӕй ӕмӕ не ’мбӕлттӕй дӕр алкӕмӕн дӕр, ис ном. Цымӕ уӕд Хуыцауӕн ном нӕй?
Стих: Пс 83:18
Публикаци: Ацы пъланӕй ма ноджыдӕр бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн, Библи Хуыцауы тыххӕй цы дзуры, уый фӕдыл. [Аныхас кӕн темӕйыл «Хуыцау чи у?». Спайда кӕн, ацы темӕ кӕм ис, уыцы пъланӕй.]
ДӔХӔДӔГ НЫХАС КУЫД РАЙДАИС
Ам цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕрхъуыды кӕн, уацамынды дӕхӕдӕг ныхас куыд райдайдзынӕ, уый.