Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ИОВ 21–27

Иовӕн цы рӕдыд хъуыдытӕ хъардтой, уыдонимӕ не сразы

Иовӕн цы рӕдыд хъуыдытӕ хъардтой, уыдонимӕ не сразы

Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ ныфс асӕтта. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Иовы чиныгӕй куыд зыны, Хӕйрӕг цы мӕнг ныхӕстӕ кӕны, уый куыд хицӕн кӕны, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм ӕцӕгдӕр цы зӕрдӕ дары, уымӕй. Ӕркӕс Библийы иннӕ стихтӕм дӕр, цӕмӕй бамбарай, Йегъовӕ дыл куыд тыхсы, уый.

ХӔЙРӔДЖЫ МӔНГ НЫХӔСТӔ

ЙЕГЪОВӔ НӔМ ӔЦӔГДӔР ЦЫ ЗӔРДӔ ДАРЫ

Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй ӕгӕр бирӕ домы, ӕмӕ цыфӕнды куы аразой, уӕддӕр сӕ райгонд никуы уыдзӕн. Йӕ зӕрдӕ никӕмӕй ӕмӕ ницӕмӕй рухс кӕны (Иов 4:18; 25:5)

Нӕ бон цы у, уый кӕй аразӕм, уый тыххӕй нын Йегъовӕ аргъ кӕны (Иов 36:5)

Адӕймаг Хуыцауӕн ницы пайда у (Иов 22:2)

Йегъовӕ райгонд у, иузӕрдионӕй йын кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕй ӕмӕ нын арфӕ кӕны (Иов 33:26; 36:11)

Рӕстӕй цӕрыс ӕви нӕ, уый Хуыцаумӕ нымады дӕр нӕу (Иов 22:3)

Йегъовӕ рӕстгӕнджытӕм йӕ цӕст дары (Иов 36:7)