Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ИОВ 33–37

Ӕцӕг ӕмбал уынаффӕ дӕтгӕйӕ ныфс бауадзы

Ӕцӕг ӕмбал уынаффӕ дӕтгӕйӕ ныфс бауадзы

Елиуй Иовӕн уынаффӕ дӕтгӕйӕ цы дзырдта ӕмӕ йемӕ куыд ныхас кодта, уымӕй тынг хицӕн кодта Елифаз, Вилдад ӕмӕ Софарӕй. Уый ӕцӕг ӕмбал разынд ӕмӕ йӕ уынаффӕтӕ пайда ӕрхастой, ӕмӕ уымӕй у фӕзминаг.

ХОРЗ УЫНАФФӔТӔ ЧИ ДӔТТЫ, АХӔМ АДӔЙМАДЖЫ МИНИУДЖЫТӔ

ЕЛИУЙ У ФӔЗМИНАГ

32:4–7, 11, 12; 33:1

 

  • ФӔРАЗОН

  • ИННӔТЫЛ ТЫХСЫ

  • УӔЗДАН

 
  • Елиуй фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст, цалынмӕ хистӕртӕ сӕ ныхас нӕ фесты, уӕдмӕ

  • Уынаффӕ раттыны размӕ уал лӕмбынӕг байхъуыста, ӕмӕ уый фӕрцы бамбӕрста, хъуыддаг цӕй мидӕг уыд, уый

  • Иовмӕ йӕ номӕй дзырдта ӕмӕ йемӕ хӕларау ныхас кодта

 

33:6, 7, 32

 

  • СӔРНЫЛЛӔГ

  • ХУЫМӔТӔГ

  • ИННӔТЫ РЫСТ ӔМ ХЪАРЫ

 
  • Елиуй уыд сӕрныллӕг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг, ӕмбӕрста, йӕхӕдӕг дӕр ӕнӕрӕдигӕ кӕй нӕу

  • Иовы зӕрдӕйы рыст ӕм хъардта

 

33:24, 25; 35:2, 5

 

  • ӔМБАРГӔ

  • ХӔЛАРЗӔРДӔ

  • АЛЦӔМӔ ДӔР ХУЫЦАУЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫ

 
  • Елиуй Иовӕн фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы

  • Елиуй Иовӕн бамбарын кодта, ӕппӕты сӕйрагдӕр уый кӕй нӕу, ӕмӕ, Иов раст кӕй у, уый сбӕлвырд уа

  • Елиуйы хорз уынаффӕты фӕрцы Иов фӕстӕдӕр цӕттӕ уыд Йегъовӕйы зондамындмӕ байхъусынмӕ