Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Ног рубрикӕ ныхас райдайынӕн

Ног рубрикӕ ныхас райдайынӕн

2016 азы январӕй фӕстӕмӕ парахат кӕнынӕн брошюрӕты фӕстаг фарсыл мыхуыргонд цӕуы ног рубрикӕ «Библи цы дзуры?». Ацы рубрикӕйы фӕрцы нӕ бон у адӕймагимӕ Библийы тыххӕй ныхас кӕнын райдайын. Конд у нӕ буклетты хуызӕн. Ис дзы, адӕймаджы хъуыды кӕй фӕрцы ис базонӕн, ахӕм фарста, йӕ бынмӕ та, дзуапп кӕм ис, ахӕм стих. Ис ма дзы уыцы фарстайы фӕдыл ӕндӕр хъуыдытӕ дӕр.

Адӕмимӕ Библийы тыххӕй хорз кӕй аныхас кӕнӕм, уый фӕрцы арӕх семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕм. Ацы ног рубрикӕйӕ пайда кӕн, цӕмӕй ноджы фылдӕр адӕмӕн ӕххуыс кӕнай Хуыцауы тыххӕй базонынӕн (Мф 5:6).

АЦЫ РУБРИКӔЙӔ КУЫД ИС ПАЙДА КӔНӔН

  1. Фарстатӕй искӕцы равзар ӕмӕ адӕймаджы бафӕрс, уый фӕдыл цы хъуыды кӕны

  2. Байхъус ӕм ӕмӕ йын зӕгъ, йӕ хъуыдыйӕн кӕй аргъ кӕныс

  3. Бакӕс ын, дӕлсӕргонды «Библийы фыст ис» цы стих ис, уый ӕмӕ йӕ бафӕрс, уый фӕдыл цы хъуыды кӕны. Кӕд ын рӕстӕг уа, уӕд-иу дарддӕр аныхас кӕн, дӕлсӕргонды «Библийӕ ма цы ис базонӕн» цы хъуыдытӕ ис, уыдонӕй

  4. Ратт ын брошюрӕ

  5. Бацархай, цӕмӕй йӕм ногӕй бацӕуай ӕмӕ дыккаг фарстайыл йемӕ аныхас кӕнай