Уацамынды ныхас райдайӕн куыд ис
«ЗАБОЛЕВАНИЯ. КАК СНИЗИТЬ РИСК»
Фарста: Бирӕты фӕнды, цӕмӕй ӕнӕниз уой. Куыд хъуыды кӕныс, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ма рынчын кӕнӕм?
Стих: Ӕм 22:3
Публикаци: Ацы брошюрӕйӕ базонӕн ис, ӕмбаргӕдзинад нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй къаддӕр рынчын кӕнӕм.
РӔСТДЗИНАД АМОН
Фарста: Зындзинӕдтӕ Хуыцауы аххосӕй ӕвзарӕм ӕви ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй?
Стих: Иов 34:10
Рӕстдзинад: Нӕ зындзинӕдты Хуыцау аххосджын никуы вӕййы. Зындзинӕдтӕ февзарӕм Хӕйрӕджы аххосӕй, адӕм цыдӕр раст кӕй нӕ фӕаразынц, уый тыххӕй кӕнӕ та ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр бӕллӕх кӕй ӕрцӕуы, уый тыххӕй. Зындзинӕдты рӕстӕг нын Хуыцау баххуыс кӕны, уымӕн ӕмӕ ныл ӕцӕгдӕр тыхсы.
«БИБЛИ АХУЫР КӔНЫН ЦӔМӔН ХЪӔУЫ?» (видеоролик)
Фарста: Куыд хъуыды кӕныс, ацы дунейы хицау Хуыцау у? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библи уый фӕдыл цы зӕгъы, уый дӕм, чи зоны, диссаг фӕкӕса. Дзуапп ын базондзынӕ ацы цыбыр видеороликӕй. [Видеоролик ын равдис.]
Публикаци: Ацы пъланы дзырд цӕуы, абон зӕххыл уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис, ууыл. Ам цы хъуыдытӕ ис, уыдон ахсджиаг сты, уымӕн ӕмӕ сты Библийӕ. Кӕд дӕм хӕдзары Библи ис, уӕд дӕ бон уыдзӕн ацы стихтӕ бакӕсын, цӕмӕй ноджы хуыздӕр базонай, уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис, уый. [Ратт ын, ацы темӕ кӕм ис, уыцы пълан.]
ДӔХӔДӔГ НЫХАС КУЫД РАЙДАИС
Ам цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕрхъуыды кӕн, уацамынды дӕхӕдӕг ныхас куыд райдайдзынӕ, уый.