Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

«Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит»

«Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит»

Исай ӕнӕзивӕг кӕй уыд, уымӕй нын фӕзминаг у. Фидар уырнындзинад ын кӕй уыд, уый бӕрӕг у, ӕххуыс куы хъуыд, уӕд фӕстӕ кӕй нӕ кодта, кӕд алцы бӕстон нӕ зыдта, уӕддӕр (Ис 6:8). Сымахӕн дӕр уӕ бон у исты фӕивын, цӕмӕй, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм ацӕуат? (Пс 110:3). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цалынмӕ нӕ ацӕуат, уӕдмӕ хорз уаид, «цас бахъӕудзӕн, уый... банымайын» (Лк 14:27, 28). Фӕлӕ цӕттӕ ут хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй уӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ дӕр (Мф 8:20; Мч 10:28–30). Видеороликы «Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым лӕггад кӕнӕм» куыд федтам, афтӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнӕм, фӕлӕ, цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййӕм, уыдон фылдӕр вӕййынц.

ВИДЕОРОЛИКМӔ КУЫ БАКӔСАТ, УӔД-ИУ АЦЫ ФАРСТАТӔН ДЗУАПП РАТТУТ:

  • Цӕмӕй Уильямсты бинонтӕ Эквадормӕ хъусын кӕнынмӕ ацыдаиккой, уый тыххӕй сӕхи цӕмӕй фӕцух кодтой?

  • Кӕдӕм ацӕудзысты, уый ӕвзаргӕйӕ цӕуыл ахъуыды кодтой?

  • Цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты?

  • Хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уый тыххӕй кӕм ис базонӕн?

УӔ БИНОНТЫ АХУЫРЫ РӔСТӔГ-ИУ АЦЫ ФАРСТАТЫЛ АНЫХАС КӔНУТ:

  • Нӕ бинонтӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй фылдӕр хъусын кӕнӕм? (km 8/11 4–6)

  • Кӕд нӕ бон нӕу, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уырдӕм ацӕуын, уӕддӕр не ’мбырдӕн цавӕр хъуыддӕгты ис ӕххуыс кӕнӕн? (bw568 23–25)