НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Хуыцау нӕ кӕй ахуыр кӕны, уый фӕрцы никӕй хъулон кӕнӕм
Йегъовӕ никӕй хъулон кӕны (Хъд 10:34, 35). Уый йӕхимӕ ’ввахс кӕны «ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» чи у, уыдоны (Рар 7:9). Уымӕ гӕсгӕ чырыстон ӕмбырды алчидӕр иннӕтӕм иухуызон цӕстӕй кӕсы ӕмӕ дзы иутӕ иннӕты уӕлдӕр не ’вӕрынц (Иак 2:1–4). Хуыцау нӕ кӕй ахуыр кӕны, уый фӕрцы цӕрӕм «дзӕнӕты», йӕ удыхъӕд хуыздӕрырдӕм чи аивта, уыцы адӕмы ’хсӕн (Ис 11:6–9). Куы архайӕм, цӕмӕй хъулон митӕн нӕ зӕрдӕйы бынат ма уа, уӕд Хуыцауы фӕзмдзыстӕм (Еф 5:1, 2).
БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ДЖОНИ ӔМӔ ГИДЕОН: РАЗДӔР ЗНӔГТӔ, НЫР ТА – ӔФСЫМӔРТӔ». УЫЙ ФӔСТӔ АЦЫ ФАРСТАТӔН ДЗУАПП РАТТУТ:
-
Хуыцау йӕ адӕмы кӕй ахуыр кӕны, уый фӕрцы се ’хсӕн ис фарн. Ацы дунейы адӕм дӕр ууыл архайынц, фӕлӕ сын бирӕ не ’нтысы. Цымӕ афтӕ цӕмӕн у?
-
Ӕнӕхъӕн дунейы дӕр нын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕй ис, уый дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуы?
-
Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ фӕрнӕй куы фӕцӕрӕм, уӕд Йегъовӕ куыд скадджын вӕййы?