Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Зӕрдӕтӕм фӕндаг агурӕм чиныджы фӕрцы «Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн»

Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Зӕрдӕтӕм фӕндаг агурӕм чиныджы фӕрцы «Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн»

УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У. Адӕм хъуамӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ базоной, ӕмӕ уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайой, цӕмӕй сӕ лӕггадӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕной (Ис 2:3, 4). Адӕмимӕ Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы чингуытӕй дыккаг у чиныг «Хуыцауы уарзт». Ацы чиныджы фӕрцы, Библи чи ахуыр кӕны, уыцы адӕймаг бамбары, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куыд хъуамӕ цӕра, уый (Дзт 5:14). Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарӕм, ӕмӕ йӕхи бафӕнда йӕ цард хуыздӕрырдӕм аивын (Ро 6:17).

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН:

  • Дӕхи-иу хорз бацӕттӕ кӕн ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн, дӕ ахуыргӕнинагӕн тынгдӕр пайда цы уыдзӕн, ууыл. Цы ӕрмӕг ахуыр кӕнут, уый фӕдыл цы хъуыды кӕны, уый базоныны тыххӕй-иу фарстатӕ бацӕттӕ кӕн (Ӕм 20:5).

  • Чиныджы цы рамкӕтӕ ис, уыдонмӕ дӕр-иу ахуыргӕнинаджы хъус ӕрдар, цӕмӕй ӕмбара, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ахсджиаг кӕй у.

  • Дӕ ахуыргӕнинагӕн бамбарын кӕн, уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ кӕй хъуамӕ хъуса, йе ’фсарм ын цы дзуры, уымӕ. Фӕлӕ уынаффӕтӕ йӕ бӕсты ма хӕсс (Га 6:5).

  • Ахуыргӕнинагмӕ-иу дӕ хъус ӕрдар, цӕмӕй базонай, мыййаг ӕй ӕххуыс нӕ хъӕуы, цӕмӕй Библийы кӕцыдӕр уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын сахуыр уа. Фӕлмӕнӕй йын бамбарын кӕн, Йегъовӕйы кӕй уарзы, уый тыххӕй кӕй хъуамӕ ива йӕ цард (Ӕм 27:11; Ин 14:31).