Хъусынгӕнӕг ныхас кӕны, цайгӕрдӕг чи ӕмбырд кӕны, ахӕм сылгоймагимӕ (Камерун)

КУСӔН ТЕТРАД Июль 2016

Ныхас райдайӕн куыд ис

Брошюрӕ «Библи нӕ рӕстӕгмӕ куыд ӕрхӕццӕ?» ӕмӕ пълӕнттӕ. Ацы публикациты фӕрцы ныхас райдайӕн куыд ис, уымӕн цӕвиттонтӕ. Ацы цӕвиттонтӕм гӕсгӕ ахъуыды кӕн, уацамынды дӕхӕдӕг ныхас куыд райдайдзынӕ, ууыл.

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцауы кадджын кӕнут

Хорз цӕмӕн у, Йегъовӕйӕн исты дзырд куы раттӕм, уӕд ӕм уый тыххӕй кувын? Дӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дарыс, уый дӕ куывдтытӕй куыд уыдзӕн бӕрӕг? (Псаломтӕ 61–65)

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Хуымӕтӕг цард кӕй кӕнӕм, уый фӕрцы Хуыцауы кадджын кӕнӕм

Хуымӕтӕг цард куы кӕнат, уӕд уӕ бон цы уыдзӕн? Чырысти куыд хуымӕтӕг цард кодта, уымӕй йӕ уӕ бон бафӕзмын куыд у?

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Йегъовӕйы адӕм зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынц

Давид Хуыцауӕн куыд зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Нӕ зынгзӕрдӕдзинад нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны? (Псалом 69–72)

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Иу афӕдз уӕддӕр бафӕлвар

Пионерӕй лӕггад кӕнын райдайын бафӕлварын кӕй фӕнды, уыдонмӕ разӕй бирӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Графиктӕ пионерӕй лӕггад кӕнынӕн

Чи зоны дӕм диссаг фӕкӕса, бирӕ рӕстӕг кӕнӕ хъарутӕ кӕмӕ нӕй, уыдонӕй дӕр кӕмӕндӕрты сӕ бон пионертӕй лӕггад кӕнын кӕй у.

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Ӕрхъуыды-иу кӕн Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕ

Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕм цы хауы? Куы сыл хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый цы пайда уыдзӕн? (Псаломтӕ 74–78)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Дӕ царды ӕппӕты сӕйрагдӕр чи у?

83 псалом чи ныффыста, уый равдыста, йӕ царды ӕппӕты сӕйрагдӕр Йегъовӕ Хуыцау кӕй у. Махӕн та уый куыд у нӕ бон равдисын?