Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Иу афӕдз уӕддӕр бафӕлвар

Иу афӕдз уӕддӕр бафӕлвар

Цы? Пионерӕй балӕггад кӕнын! Уый фӕрцы стыр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ! (Ӕм 10:22).

ПИОНЕРӔЙ КУЫ ЛӔГГАД КӔНАЙ, УӔД...

  • фӕлтӕрдджын хъусынгӕнӕг суыдзынӕ, ӕмӕ дын дӕ лӕггад фылдӕр циндзинад хӕсдзӕн

  • Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уыдзынӕ. Иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй цас фылдӕр дзурай, уыйас ын йӕ диссаджы миниуджытыл фылдӕр хъуыды кӕндзынӕ

  • ноджы тынгдӕр банкъардзынӕ, адӕймагӕн йӕ царды ӕппӕты сӕйрагдӕр Хуыцауы Паддзахад куы вӕййы ӕмӕ иннӕты тыххӕй йӕхиуыл куы нӕ фӕауӕрды, уӕд ын уый стыр циндзинад кӕй ӕрхӕссы (Мф 6:33; Хъд 20:35)

  • дӕу дӕр фӕхондзысты, районон цӕстдарӕг ӕмбырд куы фӕбӕрӕг кӕны, уӕд ын пионертимӕ цы фембӕлд вӕййы, уырдӕм дӕр ӕмӕ, районон конгрессы размӕ цы сӕрмагонд фембӕлд вӕййы, уырдӕм дӕр, стӕй ма пионерты скъоламӕ дӕр

  • фылдӕр адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайдзынӕ

  • де ’мчырыстӕттимӕ уацамынды арӕх цӕудзынӕ, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзи фидар кӕндзыстут (Ро 1:11, 12)