Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныхас райдайӕн куыд ис

Ныхас райдайӕн куыд ис

«БИБЛИ НӔ РӔСТӔГМӔ КУЫД ӔРХӔЦЦӔ?»

Фарста: Ӕвӕццӕгӕн зоныс, чидӕртӕ-иу Библи фесафыныл кӕй архайдтой. Фӕлӕ кӕд Библи Хуыцауӕй у, уӕд ӕй хъуамӕ сафын ма бауагътаид. Разы дӕ?

Стих: Ис 40:8

Публикаци: Ацы цалдӕр статьяйы дзырд цӕуы, Библи нӕ рӕстӕгмӕ куыд ӕрхӕццӕ, ууыл.

«БИБЛИ НӔ РӔСТӔГМӔ КУЫД ӔРХӔЦЦӔ?» (фӕстаг фарс)

Фарста: Ацы фарстайы тыххӕй ды та цы хъуыды кӕныс? [Бакӕс 16 фарсыл фыццаг фарста.] Иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, динтӕ адӕм сӕхӕдӕг кӕй ӕрхъуыды кодтой. Иннӕты та уырны, Хуыцау динты фӕрцы адӕмы йӕхимӕ кӕй ӕввахс кӕны. Дӕумӕ та куыд кӕсы?

Стих: Иак 1:27

Публикаци: Ацы статьяйӕ базондзынӕ, ацы фарстайы фӕдыл ма Библи цы дзуры, уый. Мӕ бон у иннӕ хатт ӕрбацӕуын, цӕмӕй ацы статьяйӕ цалдӕр хъуыдыйыл аныхас кӕнӕм.

ПЪЛӔНТТӔЙ ПАЙДА КӔНЫН АХУЫР КӔН

Фарста: Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕсгӕйӕ иуӕй-иутӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма газетты фӕстаг хабӕрттӕ кӕсынц. Ды та куыд хъуыды кӕныс, Библийӕ ацы ныхӕстӕй абон кӕцытӕ ӕххӕст кӕнынц?

Стихтӕ: 2Тм 3:1–5

Публикаци: Ацы пъланы дзырд цӕуы, Хуыцауы чи уарзы, уыдонӕн ацы ныхӕстӕ хорз хабар цӕмӕн сты, ууыл. [Аныхас кӕн темӕйыл «Хуыцауы Паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕн?». Спайда кӕн, ацы темӕ кӕм ис, уыцы пъланӕй.]

ДӔХӔДӔГ НЫХАС КУЫД РАЙДАИС

Ам цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕрхъуыды кӕн, уацамынды дӕхӕдӕг ныхас куыд райдайдзынӕ, уый.