Йегъовӕ зӕрдӕсаст адӕймагыл йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн
Давид 51-ӕм псалом ныффыста, пехуымпар Нафан ӕм куы ’рбацыд ӕмӕ, Вирсавиимӕ стыр тӕригъӕд кӕй сарӕзтой, уый тыххӕй йын куы бауайдзӕф кодта, уый фӕстӕ. Давид йӕхи фӕсмонӕй хордта ӕмӕ йӕ тӕригъӕдыл сӕрныллӕгӕй басаст (2См 12:1–14).
Кӕд Давид тӕригъӕд сарӕзта, уӕддӕр уый гӕнӕн уыд, цӕмӕй та йӕ Йегъовӕ йӕ хӕларыл банымадтаид
-
Цалынмӕ йӕ тӕригъӕдыл не ’рфӕсмон кодта ӕмӕ йыл нӕ басаст, уӕдмӕ афтӕ маст кодта, ӕмӕ йӕ сӕр хӕрдмӕ сисынӕн дӕр нал уыд
-
Хуыцау дзы райгонд кӕй нал у, ууыл афтӕ мӕт кодта, ӕмӕ, цыма йе стджытӕ ныппырх сты, раст афтӕ уыд
-
Тынг ӕй фӕндыд, цӕмӕй йын Хуыцау ныххатыр кодтаид, йӕ хӕларыл та йӕ банымадтаид ӕмӕ та йӕ зӕрдӕйы циндзинад уыдаид
-
Йегъовӕйӕн сӕрныллӕгӕй лӕгъстӕ кодта, зӕгъгӕ мын баххуыс кӕн, цӕмӕй мӕ фӕнда дӕ коммӕ кӕсын
-
Фидарӕй зыдта, Йегъовӕ йын кӕй ныххатыр кӕндзӕн