НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
«Хуыцауы Паддзахад. Фыццаг 100 азы»
Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрын кӕй фӕнды, уыдоны хъӕуы базонын, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ йын цы бантыст, уый тыххӕй цыдӕриддӕр базонӕн ис, уый. Цӕмӕн? Уый фӕрцы тынгдӕр ӕууӕнддзысты, Хуыцауы Паддзахад кӕй архайы ӕмӕ хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕндзысты (Пс 45:1; 49:3). Документалон кинонывмӕ «Хуыцауы Паддзахад. Фыццаг 100 азы» кӕсгӕйӕ-иу ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл:
-
«Сфӕлдыстады фотодрамӕ»-мӕ чи бакаст, уыдонӕн уый арфӕдзинад цӕмӕн уыд?
-
Хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ радиойӕ куыд пайда кодтам?
-
Хъусын кӕнгӕйӕ ма ӕндӕр цавӕр мадзӕлттӕй пайда кодтам ӕмӕ нын цы бантыст?
-
Хъусынгӕнджыты куыд ахуыр кодтой, уыцы хъуыддаг бирӕ азты дӕргъы куыд хуыздӕр кодта?
-
Галаады скъолайы чи ахуыр кодта, уыдоны хъусын кӕнын куыд ахуыр кодтой?
-
Конгресстӕ Йегъовӕйы адӕмӕн куыд баххуыс кодтой, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕнтыстджындӕр уыдаиккой?
-
Хуыцауы Паддзахад кӕй архайы, уый дӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?
-
Хуыцауы Паддзахадӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый цӕмӕй у бӕрӕг?