27 июны–3 июлы
ПСАЛОМ 52–59
38 зарӕг ӕмӕ куывд
Разныхас (3 мин. кӕнӕ къаддӕр)
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
«Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр» (10 мин.)
Пс 55:2, 4, 5, 16–18. Давид-иу арӕх бахауд тынг тыхст уавӕры (w06 1/6 32 ф., 6 абз.; w96-U 1/4 27 ф., 2 абз.)
Пс 55:12–14. Давидӕн йӕ фырт ӕмӕ йе ’ввахс ӕмбал йӕ ныхмӕ фыдвӕнд скодтой (w96-U 1/4 29 ф., 6 абз.)
Пс 55:22. Давиды ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы ӕххуысыл ӕппындӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кодта (w06 1/6 32 ф., 7 абз.; w99-U 15/3 22, 23)
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай (8 мин.)
Пс 56:8. Ныхӕстӕ, «мӕ цӕссыгтӕ мын дӕ лалымы сӕвӕр», зӕгъгӕ, куыд ӕмбаргӕ сты? (w09-U 1/6 29 ф., 1 абз.; w08 15/12 31 ф., 3 абз.)
Пс 59:1, 2. Давиды хабарӕй кувыны хъуыддаджы цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (w08 15/3 14 ф., 13 абз.)
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдонӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтон?
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдонӕй уацамынды цавӕр хъуыдытӕй спайда кӕндзынӕн?
Библийӕ бакӕсинаг (4 мин. кӕнӕ къаддӕр): Пс 52:1–53:6
АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН
Фыццаг бацыд (2 мин. кӕнӕ къаддӕр): адӕймагӕн ратт буклеттӕй искӕцы. Йӕ хъус ын ӕрдар видеороликмӕ «Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?».
Дыккаг бацыд (4 мин. кӕнӕ къаддӕр): буклет чи райста, ахӕм адӕймагмӕ дыккаг хатт бацу.
Библийы ахуыр (6 мин. кӕнӕ къаддӕр): уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг статьяйӕ «Библи ӕцӕгдӕр Хуыцауы Ныхас у?». Кӕронбӕттӕны адӕймагӕн йӕ хъус ӕрдар нӕ сайтӕй видеороликмӕ «Кӕцӕй йӕ зонӕм, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у?».
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
56 зарӕг
Ӕркӕсинаг фарстатӕ (7 мин.).
«Хуыцау у ме ’ххуысгӕнӕг» (8 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Бынӕй цы фарстатӕ ис, уыдонӕн, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ дзуапп раттӕнт, цӕмӕй уый се ’ппӕтӕн дӕр пайда ӕрхӕсса (Ро 1:12). Хъусынгӕнджыты баразӕнгард кӕн, цӕмӕй, зын уавӕры куы бахауой, уӕд-иу «Ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс»-ы фӕрцы ахъуыды кӕной, Хуыцауы Ныхас сын куыд баххуыс кӕндзӕн, ууыл.
Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ (30 мин.): ia 18 сӕр, 14–21 абз. ӕмӕ рамкӕ «Ахъуыды кӕн...»
Ацы ӕмӕ иннӕ къуырийы ахсджиаг хъуыдытӕ (3 мин.)
121 зарӕг ӕмӕ куывд