Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Иннӕты ахуыр кӕнгӕйӕ пайда кӕнӕм видеороликтӕй

Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Иннӕты ахуыр кӕнгӕйӕ пайда кӕнӕм видеороликтӕй

УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У.

Адӕймаг йӕхӕдӕг цы фены ӕмӕ цы фехъусы, уый йӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр бахъары, ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ видеороликтӕ уацамынды стыр ӕххуыс сты. Афтӕмӕй адӕймаг лӕмбынӕгдӕр фӕхъусы ӕмӕ ӕрмӕг хуыздӕр бахъуыды кӕны. Цӕстуынгӕ цӕвиттонты фӕрцы иннӕты ахуыр кӕнӕн куыд ис, уый ӕппӕты хуыздӕр равдыста Йегъовӕ (Хъд 10:9–16; Рар 1:1).

Видеороликтӕ «Хуыцауӕн ном ис?», «Библийы Автор чи у?» ӕмӕ «Кӕцӕй йӕ зонӕм, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у?» баст сты ахӕм темӕтимӕ: «Хуыцау чи у?» ӕмӕ «Чиныг Хуыцауӕй» (кӕс, уыцы темӕтӕ кӕм сты, уыцы пълӕнттӕ). Видеороликтӕ «Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?», «Библи адӕмимӕ куыд фӕахуыр кӕнӕм?» ӕмӕ «Паддзахады залы цы вӕййы?» адӕймаджы разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнын райдайа ӕмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбацӕуа. Видеороликтӕ ссарынӕн уӕ ӕххуыс куы хъӕуа, уӕд-иу уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъут. Нӕ видеофильмтӕй дӕр кӕцыдӕртӕй ис пайда кӕнӕн иннӕтимӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ (km 5/13 3).

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН:

  • Равдисинаг кӕй дӕ, уыцы видеоролик рагацау рафысс

  • Бацӕттӕ кӕн, дзуапп видеороликы кӕмӕн ис, иу кӕнӕ дыууӕ ахӕм фарстайы

  • Видеороликмӕ иумӕ бакӕсут

  • Сӕйраг хъуыдытыл аныхас кӕнут

БАФӔЛВАР:

  • Адӕймагӕн йӕ хъус пъланмӕ ӕрдар ӕмӕ йын равдис темӕимӕ баст видеоролик

  • Адӕймагӕн равдис видеоролик «Кӕцӕй йӕ зонӕм, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у?» ӕмӕ йын йӕ хъус ӕрдар темӕмӕ «Библи – Хуыцауы Ныхас» (спайда кӕн, ацы темӕ кӕм ис, уыцы пъланӕй)