Дӕ зӕрдӕ дар Йегъовӕйыл ӕмӕ араз хорздзинад
«Ма хӕлӕг кӕн, фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдонмӕ»
-
Кӕд фыдгӕнджытӕн сӕ фӕндтӕ нырма сӕ къухы ӕфтынц, уӕддӕр дӕ уый ма бакъуылымпы кӕнӕд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Дӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уӕнт Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтыл ӕмӕ дӕ нысӕнттыл
«Дӕ зӕрдӕ дар Йегъовӕйыл ӕмӕ араз хорздзинад»
-
Истӕуыл куы дызӕрдыг кӕнай кӕнӕ истӕуыл куы тыхсай, уӕддӕр-иу фидарӕй зон, Йегъовӕ дын кӕй баххуыс кӕндзӕн. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иузӕрдионӕй баззайай
-
Хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт хъарутӕй архай
«Йегъовӕ уӕд де стыр цин»
-
Библи кӕсынӕн ӕмӕ-иу ыл хъуыды кӕнынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы хуыздӕр базонай
«Дӕ фӕндаг Йегъовӕйы бар бакӕн»
-
Йегъовӕ дын цыфӕнды зын уавӕры дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн, уымӕй дӕ фидар ныфс уӕд
-
Дӕ ныхмӕ куы цӕуой, дӕ фӕдыл куы зилой кӕнӕ дӕ мӕнг ныхӕстӕ куы кӕной, уӕддӕр-иу дӕ уаг ӕмӕ де ’гъдауӕй фӕзминаг у
«Йегъовӕйы раз ӕнӕдзургӕйӕ лӕуу ӕмӕ йӕм зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕс»
-
Дӕ циндзинад цӕй тыххӕй фесафай ӕмӕ Йегъовӕйӕ кӕй тыххӕй адард уай, ахӕм сонт хъуыддӕгтӕй дӕхи хиз
«Сабыр адӕм... зӕхх бынӕн райсдзысты»
-
Йегъовӕ фыддзинадӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уымӕ сӕрныллӕгӕй ӕнхъӕлмӕ кӕс
-
Де ’мчырыстӕтты фарсмӕ-иу балӕуу ӕмӕ-иу ныфс бауадз, йӕхимӕ чи ныхъхъуыста, уыдоны, сӕ зӕрдыл-иу сын ӕрлӕууын кӕн, Хуыцауы ног дуне тагъд кӕй ралӕудзӕн, уый