Ныхас райдайӕн куыд ис
«ПРЕОДОЛЕВАЯ ЯЗЫКОВОЙ БАРЬЕР»
Публикаци: Ацы брошюрӕйы дзырд цӕуы цымыдисаг фарстайыл. [Адӕймагӕн брошюрӕ ратт.]
Фарста: Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ литературӕ 750 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ кӕй тӕлмац кӕнынц, уый зыдтай?
Стих: Рар 14:6
«ПРЕОДОЛЕВАЯ ЯЗЫКОВОЙ БАРЬЕР»
Фарста: Куыд хъуыды кӕныс, лӕг ӕмӕ ус сӕ зындзинӕдтыл куы ныхас кӕной, уӕд сын ацы уынаффӕ баххуыс кӕндзӕн?
Стих: Иак 1:19
Публикаци: [10 фарсыл цы статья райдайы, уымӕ йын йӕ хъус ӕрдар.] Ацы статьяйы дзырд цӕуы, ацы хъуыддаджы фӕдыл ма Библийы цы уынаффӕтӕ ис, ууыл.
БУКЛЕТТӔ
Фарста: Дӕ хорзӕхӕй, дӕ хъус-ма ацы фарстамӕ ӕрдар. [Бакӕс ын, буклеты 1 фарсыл цы цыбыр фарстатӕ ис, уыдон.] Куыд хъуыды кӕныс?
Стих: [Равдис ын, буклеты 2 фарсыл цы стихтӕ ис, уыдонӕй фыццаг]
Публикаци: Ацы буклеты дзырд цӕуы, Библийӕ ацы стих дӕуӕн цӕуыл дзурӕг у, ууыл.
ДӔХӔДӔГ НЫХАС КУЫД РАЙДАИС
Ам цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕрхъуыды кӕн, уацамынды дӕхӕдӕг ныхас куыд райдайдзынӕ, уый.