Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ПСАЛОМ 11–18

Йегъовӕ йӕ цатыры кӕй суазӕг кӕндзӕн?

Йегъовӕ йӕ цатыры кӕй суазӕг кӕндзӕн?

Йегъовӕ адӕймаджы йӕ цатыры кӕй суазӕг кӕны, уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ йӕ йе ’мбалыл банымайы. Ахӕм адӕймаг ыл ӕууӕнды ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсы. 15-ӕм псаломы фыст ис, Йегъовӕ йе ’мбалыл кӕй нымайы, уыдонмӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй.

ЙЕГЪОВӔ КӔЙ СУАЗӔГ КӔНЫ, УЫЙ ХЪУАМӔ...

  • уа иузӕрдион

  • рӕстдзинад дзура, суанг йӕ зӕрдӕйы дӕр

  • йе ’мчырыстӕттӕн кад кӕна

  • йӕ ныхасӕн хицау уа, зын ын куы уа, уӕд дӕр

  • ӕххуысхъуаг чи у, уыдоны фарсмӕ-иу балӕууа, фӕстӕмӕ сӕм мацӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕса, афтӕмӕй

ЙЕГЪОВӔ КӔЙ СУАЗӔГ КӔНЫ, УЫЙ ХЪУАМӔ ЙӔХИ ХИЗА...

  • иннӕты фыдкой кӕнынӕй

  • иннӕтӕн ӕвзӕрдзинад аразынӕй

  • йе ’мчырыстӕттӕй исты расайынӕй

  • Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны кӕнӕ, йӕ коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонимӕ лымӕн кӕнынӕй

  • гӕртам исынӕй