Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2–8 майы

ИОВ 38–42

2–8 майы
  • 63 зарӕг ӕмӕ куывд

  • Разныхас (3 мин. кӕнӕ къаддӕр)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

  • «Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, иннӕты тыххӕй йӕм куы фӕкувӕм, уӕд» (10 мин.)

    • Иов 42:7, 8. Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй Иов скуывтаид Елифаз, Вилдад ӕмӕ Софары тыххӕй (bw535 21 ф., 17 абз.; w98-U 1/5 30 ф., 3–6 абз.)

    • Иов 42:10. Иов уыдоны тыххӕй Йегъовӕмӕ куы скуывта, уӕд ӕй йӕ низӕй фервӕзын кодта (w98-U 1/5 31 ф., 3 абз.)

    • Иов 42:10–17. Йегъовӕ Иовы йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ фидардзинады тыххӕй стыр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта (w94-U 15/11 20 ф., 19, 20 абз.)

  • Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай (8 мин.)

    • Иов 38:4–7. Чи сты «сӕууон стъалытӕ» ӕмӕ уыдоны тыххӕй цы зонӕм? (w06-U 15/1 3)

    • Иов 42:3–5. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Иовау Хуыцауы фенӕм? (bw563 7, 8 фф., 16, 17 абз.)

    • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдонӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтон?

    • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдонӕй уацамынды цавӕр хъуыдытӕй спайда кӕндзынӕн?

  • Библийӕ бакӕсинаг: (4 мин. кӕнӕ къаддӕр) Иов 41:1–26

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

  • Ацы мӕй ныхас куыд райдайдзыстӕм, уый цӕттӕ кӕнӕм (15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Равдис, уацамынды ныхас райдайӕн куыд ис, уый тыххӕй алы видеоролик дӕр, ӕмӕ сыл стӕй аныхас кӕнут. Хъусынгӕнджытӕ уацамынды планшеттӕ ӕмӕ смартфонтӕй куыд фӕпайда кӕнынц, ууыл куы ныхас кӕнат, уӕд-иу сын сӕ хъус ӕрдар статьямӕ «Нӕ сайтӕй куыд ис пайда кӕнӕн». Сӕ зӕрдыл сын ӕрлӕууын кӕн, цӕмӕй-иу алы мӕй дӕр хыгъды ныффыссой, уацамынды видеороликтӕ цал хатты равдыстой, уый. Се ’ппӕты дӕр баразӕнгард кӕн, цӕмӕй ӕрхъуыды кӕной, уацамынды сӕ ныхас куыд райдайдзысты, уый.

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

  • 60 зарӕг

  • «Нӕ сайтӕй фӕпайда кӕныс?» (15 мин.). Фыццаг уал фондз минуты дӕргъы ацы статьяйыл аныхас кӕнут. Стӕй равдис видеоролик «Нӕ сайтӕй пайда кӕнут» ӕмӕ йыл цыбыртӕй аныхас кӕнут. Уый фӕстӕ равдис видеоролик «Публикацитӕ рафысс» ӕмӕ ууыл дӕр цыбыртӕй аныхас кӕнут. Се ’ппӕты дӕр баразӕнгард кӕн, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, нӕ сайтӕй пайда кӕной ӕмӕ, 16 майӕ райдайгӕ къуырийы статья «Нӕ сайтӕй куыд ис пайда кӕнӕн» куы ӕвзарӕм, уӕдмӕ сӕ планшеттӕм ӕмӕ сӕ смартфонтӕм нӕ публикацитӕ рафыссой.

  • Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ: (30 мин.) ia 14 сӕр, 14–22 абз. ӕмӕ рамкӕ «Ахъуыды кӕн...»

  • Ацы ӕмӕ иннӕ къуырийы ахсджиаг хъуыдытӕ (3 мин.)

  • 77 зарӕг ӕмӕ куывд