Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Нӕ сайтӕй фӕпайда кӕныс?

Нӕ сайтӕй фӕпайда кӕныс?

Дӕ смартфонмӕ, планшетмӕ кӕнӕ компьютермӕ нӕ сайтӕй дӕ бон у рафыссын Библи ӕмӕ ӕндӕр публикацитӕ, стӕй аудиозаписьтӕ ӕмӕ видеороликтӕ.

КУЫД СӔ ИС РАФЫССӔН. Интернетмӕ бацу ӕмӕ нӕ сайты адрис браузеры ныффысс. Цы ӕрмӕг дӕ фӕнды рафыссын, уый равзар. Кӕд дӕм хӕдзары интернет нӕй, уӕд дын, чи зоны, ахӕм фадат уа Паддзахады залы, чиныгдоны кӕнӕ та кафейы искуы. Публикацитӕ куы рафыссай, уӕд дӕ интернет нал хъӕудзӕн, цӕмӕй-иу сӕ уый фӕстӕ байгом кӕнай. Нӕ сайты ӕдзухдӕр ног публикацитӕ кӕй фӕзыны, уымӕ гӕсгӕ дӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ интернет хъӕудзӕн, цӕмӕй-иу сӕ рафыссай.

ЦЫ ПАЙДА У? Нӕ сайт стыр ӕххуыс у Библи иртасынӕн. Смартфон кӕнӕ планшеты фӕрцы нӕ бон у фембӕлды рӕстӕг хъӕугӕ публикацитӕй пайда кӕнын. Стӕй ма стыр ӕххуыс у уацамынды дӕр, уӕлдайдӕр та, хъусын кӕнынӕн фадат куы фӕзыны, уӕд.