Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныхас райдайӕн куыд ис

Ныхас райдайӕн куыд ис

«АДӔЙМАГӔН ИСЧИ КУЫ АМӔЛЫ...»

Фарста: Куыд дӕм кӕсы, ацы ныхӕстӕ искуы сӕххӕст уыдзысты?

Стих: Рар 21:3, 4

Публикаци: Ацы брошюрӕйы дзырд цӕуы, Хуыцау ацы зӕрдӕвӕрд куыд сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ уый дӕуӕн цавӕр хорздзинад ӕрхӕсдзӕн.

«АДӔЙМАГӔН ИСЧИ КУЫ АМӔЛЫ...» (фӕстаг фарс)

Фарста: Дӕ хъус-ма ӕрдар ацы фарстамӕ. [16 фарсыл цы статья ис, уым ын равдис фыццаг фарста ӕмӕ йын арӕхдӕр цы дзуаппытӕ фӕдӕттынц, уыдон.] Ды та цавӕр дзуапп раттис?

Стих: Пс 83:18

Публикаци: Ацы статьяйы дзырд цӕуы, Библи ма нын Хуыцауы номы тыххӕй цы дзуры, ууыл.

ПЪЛӔНТТӔЙ ПАЙДА КӔНЫН АХУЫР КӔН

Фарста: Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ацы дунейы хицау у Хуыцау. Библи ацы фарстайы фӕдыл ӕндӕр цыдӕр кӕй дзуры, уый зыдтай?

Стих: 1Ин 5:19

Публикаци: Ацы пъланӕй базонӕн ис, Библи ацы фарстайы фӕдыл цы дзуры, уый. [Аныхас кӕн темӕйыл «Хуыцау Хӕйрӕгӕн уый бар цӕмӕн дӕтты, цӕмӕй дунейы хицау уа?», спайда кӕн, ацы темӕ кӕм ис, уыцы пъланӕй.]

ДӔХӔДӔГ НЫХАС КУЫД РАЙДАИС

Ам цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕрхъуыды кӕн, уацамынды дӕхӕдӕг ныхас куыд райдайдзынӕ, уый.