КУСӔН ТЕТРАД Мартъи 2016
Ныхас райдайӕн куыд ис
Брошюрӕ «Чырысти цӕмӕн фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ цӕмӕн амард?» ӕмӕ 2016 азы Ӕрымысӕн изӕрмӕ хуынды гӕххӕтт. Ацы публикациты фӕрцы ныхас райдайӕн куыд ис, уымӕн цӕвиттонтӕ. Ацы цӕвиттонтӕм гӕсгӕ ахъуыды кӕн, уацамынды дӕхӕдӕг ныхас куыд райдайдзынӕ, ууыл.
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Есфир йӕ адӕмы сӕрыл хъӕбатырӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ тох кодта
Хъӕбатырӕй архайдта ӕмӕ Мардохейӕн баххуыс кодта, цӕмӕй ног закъон фыст ӕрцыдаид ӕмӕ дзуттӕгтӕ мӕлӕтӕй аирвӕзтаиккой, кӕд йӕ цардӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр (Есфир 6–10).
АРХАЙӔМ АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔНЫНЫЛ
Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Брошюрӕ дӕтгӕйӕ ныхас куыд райдайдзынӕ, уый бацӕттӕ кӕн
Брошюрӕты фӕрцы ныхас райдайӕн куыд ис, уымӕн цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонӕй спайда кӕн.
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Уазджытыл-иу бацин кӕнӕм
Нӕ бон куыд у Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг уазджытӕн ӕмӕ, ӕмбырдтӕм рагӕй чи нал цӕуы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй-иу ма фӕтыхсой?
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Иов фӕлварӕнты дӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад
Иов равдыста, царды йын Йегъовӕйӕ зынаргъдӕр кӕй ничи ис (Иов 1–5).
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Иузӕрдион Иов, цы йӕ тыхсын кодта, уый радзырдта
Иов кӕй маст кодта ӕмӕ йӕ ныфс кӕй асаст, уый йӕ зондахастыл фӕзынд, фӕлӕ Йегъовӕ Хуыцауы уӕддӕр уарзта (Иов 6–10).
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл Иов фидарӕй ӕууӕндыд
Иов фидарӕй зыдта, хус бӕлас фӕстӕмӕ куыд сзайы, афтӕ Йегъовӕйӕн дӕр йӕ бон кӕй у, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздаха (Иов 11–15).
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Чырыстийы нывонды фӕрцы мӕрдтӕ райгас уыдзысты
Йегъовӕ йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы фидӕны мӕрдтӕ райгас уыдзысты. Зиӕнттыл маст нал кӕндзыстӕм, фӕлӕ-иу нын чи райгас уа, уыдоныл цин кӕндзыстӕм.