Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ИОВ 1–5

Иов фӕлварӕнты дӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад

Иов фӕлварӕнты дӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад

Иов цард Уцы зӕххыл, израилӕгтӕ Египеты цагъарады куы уыдысты, уыцы рӕстӕг. Кӕд израилаг нӕ уыд, уӕддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Уыди йын стыр бинонтӕ, стӕй уыд хъӕздыг ӕмӕ нымад лӕг. Йӕ уынаффӕтӕн ын стыр аргъ кодтой, адӕмӕн-иу рӕстӕй тӕрхон кодта. Мӕгуыр ӕмӕ ӕххуысхъуаг чи уыд, уыдонӕн цӕстуарзонӕй ӕххуыс кодта. Иов уыд иузӕрдион адӕймаг.

Иов хъуыддагӕй равдыста, царды йын Йегъовӕйӕ зынаргъдӕр кӕй ничи уыд

1:8–11, 22; 2:2–5

  • Хӕйрӕг афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ Иов Хуыцауы коммӕ нӕ каст. Уый сдзырддаг кодта, йӕ коммӕ цӕмӕн касти, уый

  • Иовы фӕаххосджын кодта, зӕгъгӕ, дам, Хуыцауӕн уый тыххӕй лӕггад кӕны, ӕмӕ йӕхицӕн цыдӕр пайда у

  • Цӕмӕй уыцы фарстайӕн дзуапп лӕвӕрд ӕрцыдаид, уый тыххӕй Йегъовӕ Хӕйрӕгӕн уый бар радта, цӕмӕй йын йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕджы бафӕлвӕрдтаид. Хӕйрӕг Иовы бирӕ бӕллӕхты хай бакодта

  • Иов Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта, ӕмӕ Хӕйрӕг зӕххыл цӕрӕг адӕмы се ’ппӕты иузӕрдиондзинад дӕр сдзырддаг кодта

  • Иов ницы тӕригъӕд сарӕзта ӕмӕ Хуыцауы дӕр ницӕмӕй фӕаххосджын кодта