Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ИОВ 6–10

Иузӕрдион Иов, цы йӕ тыхсын кодта, уый радзырдта

Иузӕрдион Иов, цы йӕ тыхсын кодта, уый радзырдта

Кӕд Иов йӕ исбон фесӕфта, йӕ цот фӕмард сты ӕмӕ йӕхӕдӕг та мӕлӕтдзаг рынчын фӕци, уӕддӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад. Ӕмӕ уӕд Хӕйрӕг архайын райдыдта, цӕмӕй Иовӕн йӕ ныфс асастаид ӕмӕ Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивтаид. Йе ’ртӕ «ӕмбалы» йӕм ӕрцыдысты. Фыццаг уал ын иннӕты цӕстмӕ тӕригъӕд кӕнын райдыдтой. Уый фӕстӕ та Иовимӕ сбадтысты ӕмӕ авд боны ницы дзырдтой, иу зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхас дӕр ын нӕ загътой. Дзурын куы райдыдтой, уӕд та йӕ аххосджын кодтой ӕмӕ йыл фаутӕ ӕвӕрдтой.

Кӕд Иов карз фӕлварӕнты бахауд, уӕддӕр Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта

6:3; 7:16; 9:20–22; 10:1, 12

  • Иов тынг тыхст уавӕры кӕй уыди, уый тыххӕй хъуыддӕгтӕм раст цӕстӕй нал каст. Иов ахӕм рӕдыд хъуыдымӕ ӕрцыд, ӕмӕ Хуыцауӕн уӕлдай нӕу, иузӕрдионӕй ыл баззайдзӕн ӕви нӕ

  • Ахӕм ныфссаст кӕй уыд, уый тыххӕй ууыл хъуыды дӕр нӕ акодта, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ йӕ хъизӕмӕртты аххосджын Хуыцау нӕ, фӕлӕ ӕндӕр чидӕр у

  • Кӕд зӕрдӕрыст уыди, уӕддӕр йе ’фхӕрджытӕн дзырдта, Йегъовӕйы кӕй уарзы, уый тыххӕй