Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Чырыстийы нывонды фӕрцы мӕрдтӕ райгас уыдзысты

Чырыстийы нывонды фӕрцы мӕрдтӕ райгас уыдзысты

Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг нын хорз фадат вӕййы, цӕмӕй-иу ахъуыды кӕнӕм, Чырыстийы нывонды фӕрцы фидӕны цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм, уыдоныл. Уыцы арфӕдзинӕдтӕй иу у, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый. Йегъовӕйы никуы фӕндыд, цӕмӕй адӕм мӕлой. Уымӕ гӕсгӕ, зынаргъ нын чи у, уыдонӕй исчи куы амӕлы, уӕд ууыл куыд фӕмаст кӕнӕм, афтӕ ницӕуыл (1Кр 15:26). Йесойӕн йӕ зӕрдӕ фӕрыст, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Лазӕры мардыл куыд хъыг кодтой, уый уынгӕйӕ (Ин 11:33–35). Йесо алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды хуызӕн кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр йӕ зӕрдӕ фӕриссы, зиан ныл куы ӕрцӕуы, уӕд (Ин 14:7). Йегъовӕ тынг бӕллы, йӕ лӕггадгӕнджытӕй чи амард, уыдоны райгас кӕнынмӕ, ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ уымӕ бӕллӕм (Иов 14:14, 15).

Йегъовӕ у уаг ӕмӕ ӕгъдауы Хуыцау, ӕмӕ, адӕм куыд ӕгас кӕндзысты, уымӕн дӕр уыдзӕн бӕлвырд ӕгъдау (1Кр 14:33, 40). Адӕм зиӕнттӕ нал кӕндзысты, фӕлӕ сӕхи цӕттӕ кӕндзысты, чи райгас уа, уыдонимӕ фембӕлынмӕ. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл фӕхъуыды кӕныс, уӕлдайдӕр та кӕд дӕхиуыл уӕззау зиан ӕрцыд, уӕд? (2Кр 4:17, 18). Йегъовӕйӕн бузныг фӕдзурыс Чырыстийы нывонды тыххӕй ӕмӕ, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый нын Библийы кӕй раргом кодта, уый тыххӕй? (Кл 3:15).

  • Де ’мбӕлттӕй кӕнӕ дӕ хиуӕттӕй чи амард, уыдонӕй тынгдӕр кӕй фенынмӕ бӕллыс?

  • Библийы кӕй кой цӕуы, уыцы адӕймӕгтӕй дӕ тынгдӕр кӕимӕ фӕнды фембӕлын ӕмӕ аныхас кӕнын?