АРХАЙӔМ АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔНЫНЫЛ
Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Брошюрӕ дӕтгӕйӕ ныхас куыд райдайдзынӕ, уый бацӕттӕ кӕн
УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У. Уацамынды нӕ ныхас куыд райдайдзыстӕм, уый фӕдыл кӕд нӕ «Кусӕн тетрады» хорз цӕвиттонтӕ вӕййы, уӕддӕр-иу хъуамӕ дзурӕм нӕхи ныхӕстӕй. Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ ныхас ӕндӕрхуызон куы райдайай кӕнӕ ӕндӕр цавӕрдӕр темӕйыл куы ныхас кӕнай, уӕд дӕм уӕ территорийы адӕм хуыздӕр байхъусдзысты. Кӕд афтӕ у, уӕд-иу брошюрӕ бакӕс, ныхас райдайӕн куыд ис, уый фӕдыл цӕвиттонтӕм ӕркӕс ӕмӕ видеороликтӕм бакӕс, ӕмӕ уый фӕстӕ бацӕттӕ кӕн, дӕ ныхас куыд райдайдзынӕ, уый, дӕлдӕр цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ.
УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН
Ахъуыды кӕн: «„Кусӕн тетрады“ цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонӕй мӕ фӕнды спайда кӕнын?»
О
-
Дӕ ныхас куыд райдайдзынӕ, уый бацӕттӕ кӕн. Адӕймагӕн салам куы раттай, уӕд-иу ын цыбыртӕй зӕгъ, цӕмӕн ӕрбацыдтӕ, уый. (Дӕ бон у зӕгъын: «Ӕз ӕрбацыдтӕн, цӕмӕй...»)
-
Ахъуыды кӕн, фарстайы фӕстӕ стихмӕ куыд рахиздзынӕ ӕмӕ йын уый фӕстӕ брошюрӕ куыд ратдзынӕ. (Цӕмӕй йын стих бакӕсай, уый тыххӕй йын дӕ бон у зӕгъын: «Ацы фарстайӕн дзуапп ссарӕн ис мӕнӕ ам».)
НӔ
-
Ахъуыды кӕн, иннӕ хатт адӕймагимӕ цавӕр фарстайыл аныхас кӕнӕн уыдзӕн, ууыл
-
Иннӕ хатт цы дзурдзынӕ, уый гӕххӕттыл ныффысс, цӕмӕй дӕ ма ферох уа
-
Брошюрӕйӕ равзар, дӕумӕ гӕсгӕ цымыдисагдӕр чи у ӕмӕ уӕ территорийы адӕмы зӕрдӕтӕм тынгдӕр чи фӕцӕудзӕн, ахӕм темӕ
-
Ахъуыды кӕн, адӕймагмӕ цавӕр фарста ис раттӕн, цӕмӕй йӕ баразӕнгард кӕна ахъуыды кӕнынмӕ ӕмӕ йӕ хъуыды зӕгъынмӕ, фӕлӕ цӕмӕй ма фӕтыхса. (Дӕ бон у, брошюрӕты 2-аг фарсыл цы фарстатӕ ис, уыдонӕй искӕцы равзарын.)
ЦЫФӔНДЫ УАВӔРЫ ДӔР
-
Библийӕ стих равзар. (Алы мӕй кӕй парахат кӕнӕм, уыцы брошюрӕтӕй иу у, Библи хорз чи нӕ зоны кӕнӕ динтӕм хорз цӕстӕй чи нӕ кӕсы, уыдонӕн. Ахӕм брошюрӕ куы дӕттай, уӕд стих кӕсын ӕнӕмӕнг нӕу.)
-
Адӕймагӕн цыбыртӕй бамбарын кӕн, ацы статья йын цы пайда фӕуыдзӕн, уый