Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЕСФИР 6–10

Есфир йӕ адӕмы сӕрыл хъӕбатырӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ тох кодта

Есфир йӕ адӕмы сӕрыл хъӕбатырӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ тох кодта

Есфир йӕ адӕмы сӕрыл хъӕбатырӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ тох кодта

8:3–5, 9

  • Есфир ӕмӕ Мардохейы цардӕн тӕссаг ницӕмӕй уыд. Фӕлӕ Аман дзуттӕгты ныццӕгъдыны тыххӕй цы бардзырд раттын кодта, уый тыххӕй хабархӕсджытӕ Персы стыр паддзахады алы къуымты фехъусын кодтой

  • Есфир та йӕ цард тӕссаг уавӕры баппӕрста – ногӕй та паддзахмӕ ӕнӕхонгӕйӕ бацыд. Цӕссыгкалгӕйӕ йын ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ адӕмы тыххӕй цы бардзырд радта, уый аивтаид

  • Паддзах-иу кӕй ӕрфидар кодта, уыцы закъӕттӕн аивӕн нал уыд. Уымӕ гӕсгӕ паддзах Есфирӕн ӕмӕ Мардохейӕн бар радта, цӕмӕй ног закъон ныффыстаиккой

Йегъовӕйы фӕрцы йӕ адӕм фӕуӕлахиз сты

8:10–14, 17

  • Ног закъон дзуттӕгтӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ цард бахъахъхъӕдтаиккой

  • Хабархӕсджытӕ фыстӕджытимӕ араст сты Персы паддзахады алы къуымтӕм, ӕмӕ дзуттӕгтӕ сӕхи бацӕттӕ кодтой тохмӕ

  • Бирӕтӕ сӕхи цӕстӕй федтой, Хуыцау дзуттӕгтӕн кӕй арфӕ кӕны, ӕмӕ сын сӕ дин райстой