Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныхас райдайӕн куыд ис

Ныхас райдайӕн куыд ис

«ЧЫРЫСТИ ЦӔМӔН ФӔХЪИЗӔМАР КОДТА ӔМӔ ЦӔМӔН АМАРД?»

Фарста: Ацы ныхӕстӕ искуы фехъуыстай?

Стих: Ин 3:16

Публикаци: Ацы брошюрӕйы дзырд цӕуы, Йесо Чырысти кӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ йӕ цард кӕй радта, уый махӕн цы пайда у, ууыл.

«ЧЫРЫСТИ ЦӔМӔН ФӔХЪИЗӔМАР КОДТА ӔМӔ ЦӔМӔН АМАРД?» (фӕстаг фарс)

Фарста: Дӕ хъус-ма ӕрдар ацы фарстамӕ ӕмӕ йын арӕхдӕр цавӕр дзуапп фӕдӕттынц, уымӕ. [Бакӕс ын фыццаг фарста ӕмӕ йын цы дзуаппытӕ ис, уыдон.] Ды та цавӕр дзуапп раттис?

Стих: Мф 4:1–4

Публикаци: Хӕйрӕг Чырыстиимӕ дзырдта ӕмӕ йӕ фӕлвӕрдта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хӕйрӕг ӕнӕуи фыддзинад у. Библи ма Хӕйрӕджы тыххӕй цы дзуры, уый тыххӕй базонӕн ис ацы статьяйӕ.

ӔРЫМЫСӔН ИЗӔРМӔ ХУЫНДЫ ГӔХХӔТТ

Публикаци: Адӕмы иу ахсджиаг хабармӕ хонӕм. [Адӕймагӕн хуынды гӕххӕтт ратт.] Ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр 23 мартъийы милуангай адӕм ӕрӕмбырд уыдзысты, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной Йесо Чырыстийы мӕлӕт. Байхъусдзысты Библийыл арӕзт раныхасмӕ, йӕ мӕлӕт нын цы пайда хӕссы, уый фӕдыл. Ацы хуынды гӕххӕтты фыст ис, кӕм ӕмӕ цафон уыдзӕн, уый. Ӕхца фидын дзы нӕ хъӕуы. Кӕд дӕ бон суа, уӕд-иу ды дӕр ӕрбацу.

ДӔХӔДӔГ НЫХАС КУЫД РАЙДАИС

Ам цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕрхъуыды кӕн, уацамынды дӕхӕдӕг ныхас куыд райдайдзынӕ, уый.