Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Пълӕнтты фӕрцы нӕ бон куыд у уацамындмӕ цӕттӕ кӕнын

Пълӕнтты фӕрцы нӕ бон куыд у уацамындмӕ цӕттӕ кӕнын

Фыццаг ӕнусы чи цард, уыцы чырыстӕттӕй алкӕмӕ Фыстады тыхтӕттӕ нӕ уыд. Фӕлӕ уӕддӕр уацамынды сӕ бон уыд адӕмимӕ Фыстадыл ныхас кӕнын (Хъуыд. 17:2, 3). Мах дӕр уыцы чырыстӕтты фӕзмдзыстӕм, нӕхи рагацау куы цӕттӕ кӕнӕм Фыстадыл ныхас кӕнынмӕ, уӕд. Афтӕмӕй уацамынды нӕ бон уыдзӕн кӕимӕфӕнды дӕр аныхас кӕнын.

Нӕ бон куыд у цӕттӕ кӕнын? Алы пъланы дӕр цыбыртӕй фыст сты Библийы ахуырӕдтӕ ӕмӕ стихтӕ. Уыцы стихтӕ куыд ӕмбарын хъӕуы, уый кӕм фыст ис? Пълӕнтты цы темӕтӕ ӕмӕ стихтӕ ис, уыдоныл раздӕр ныхас цыд нӕ публикациты. Хорз уаид, нӕхи цӕттӕ кӕнгӕйӕ-иу уыцы статьятӕ куы бакӕсиккам, цӕмӕй зонӕм, иуӕй-иу стихтӕ куыд ӕмбарын хъӕуы, уый. Уыцы хъуыдытӕ иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ хъуыды бакӕнынц, иннӕтӕ та сӕ пълӕнтты стихы фарсмӕ ныффыссынц. Уыцы стихмӕ ссарӕн ис исты цӕвиттон дӕр. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты ахӕм статьятӕ бацагурынӕн. Пъланы бирӕ ӕрмӕг кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ, Библийы ахуыр чи уадзы, уый хъуамӕ хорз цӕттӕ уа уыцы ӕрмӕджы фӕрцы йӕ ахуыргӕнинагӕн баххуыс кӕнынмӕ. Кӕд нӕм Библи ахуыр кӕнынӕн сӕйраг публикаци нӕй, уӕддӕр статьятӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд нӕ ахуыргӕнинагӕн баххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй йӕ уырнындзинад фидар кӕна ӕмӕ фӕлварӕнты рӕстӕг ма фӕцуда.

Ӕрмӕг зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм. Алы пъланы кӕрон дӕр ис уӕлӕмхасӕн стихтӕ ӕмӕ уыдон дӕр хъӕуы кӕсын ӕмӕ ӕмбарын кӕнын. Хорз уаид стихтӕм-иу рагацау фарстатӕ куы бацӕттӕ кӕниккам, цӕмӕй-иу ахуыргӕнинаг ӕрмӕг йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна. Кӕд статьяйыл ныхас кӕнат, уӕд та дӕ бон у, уым цы фарстатӕ ис, уыдонӕй спайда кӕнын.

Нӕ нысан нӕ къухы бафтдзӕн. Апостол Павел сахуыр адӕмимӕ Фыстадыл ныхас кӕнын (Хъуыд. 17:2). Цӕмӕй мах дӕр афтӕ арӕхсӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи цӕттӕ кӕнӕм. Ма дызӕрдыг кӕнут, уыцы хъуыддагӕн рӕстӕг куы не ’вгъау кӕнат, уӕд алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ кӕй уыдзыстут (2 Тим. 3:17).