Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЕККЛЕСИАСТ 7–12

«Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы де ’взонджы бонты»

«Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы де ’взонджы бонты»

Соломон фӕсномыг ныхӕстӕй бамбарын кодта, адӕймаг зӕронды бонты куыд вӕййы, уый

12:1, 13

  • Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ ӕнӕниз ӕмӕ фидар сты, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон у Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын

  • Ӕрыгӕттыл цалынмӕ азтӕ сӕ уӕз не ’руагътой, уӕдмӕ хъуамӕ сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ Хуыцауы хъуыддагӕн ма ӕвгъау кӕной

Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы, ӕппӕт хъарутӕй йын лӕггад кӕн, цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ

12:2–7

  • 3 стих: «Рудзгуытӕй чи кӕсы, уыцы сылгоймӕгтӕ талынг йеддӕмӕ ницыуал уындзысты»

    Цӕстӕй хорз нал фӕуыны

  • 4 стих: «Зарӕггӕнӕг чызджыты хъӕлӕс ма тыххӕйты хъуысдзӕн»

    Хъусӕй хорз нал фӕхъусы

  • 5 стих: «Каперсы гагатӕ нытътъӕпп кӕндзысты»

    Хӕрын ӕм нал фӕцӕуы