Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Ӕрыгӕттӕ, ма фӕстиат кӕнут «стыр дуарыл» бахизыныл

Ӕрыгӕттӕ, ма фӕстиат кӕнут «стыр дуарыл» бахизыныл

Ӕрыгӕттӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм ӕрыгон уыдзысты ӕмӕ, ацӕргӕтӕ Сайтаны дунейы цы «фыдбонтӕ» ӕвзарынц, уыдонӕй алкӕддӕр хызт уыдзысты (Ек 12:1). Кӕд ӕрыгон дӕ, уӕд дын фаг рӕстӕг ис, цӕмӕй дӕ разы сӕвӕрай Хуыцауӕн лӕггад кӕнынимӕ баст нысӕнттӕ, зӕгъӕм, ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын.

Ацӕргӕтӕй дӕр ӕмӕ ӕрыгӕттӕй дӕр ничи зоны, кӕд сӕ кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уый (Ек 9:11). Суанг ма, «райсом ныл цы ’рцӕудзӕн, уый дӕр нӕ зонӕм» (Иак 4:14). Уӕдӕ уӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрут ӕмӕ сӕм тырнут. Цалынмӕ уын «лӕггад кӕнынӕн стыр дуар» гом у, уӕдмӕ йыл бахизут (1Кр 16:9). Ууыл никуы фӕфӕсмон кӕндзыстут.

Цавӕр нысӕнттӕ ис сӕвӕрӕн:

  • Ӕндӕр ӕвзагыл хъусын кӕнын

  • Пионерӕй лӕггад кӕнын

  • Нӕ организацийы скъолатӕй искӕцыйы сахуыр кӕнын

  • Арӕзтады ӕххуыс кӕнын

  • Вефилы лӕггад кӕнын

  • Районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын

Цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрыс дӕ разы?