Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ӔМБИСӔНДТӔ 27–31

Библимӕ гӕсгӕ хорз ус цавӕр у

Библимӕ гӕсгӕ хорз ус цавӕр у

Ӕмбисӕндты 31 сӕры фыст сты, паддзах Лемуилӕн йӕ мад цы ахсджиаг ныхӕстӕ загъта, уыдон. Йӕ мады зондджын уынаффӕ йын баххуыс кодта хорз ус ссарынӕн.

Хорз усыл йӕ сӕрыхицау йӕ зӕрдӕ дары

31:10–12

  • Бинонты цавӕрдӕр уынаффӕ рахӕссын куы хъӕуа, уӕд ус йӕ лӕгӕн йӕ хъуыды бамбарын кӕндзӕн, фӕлӕ уӕддӕр йӕ коммӕ кӕсдзӕн

  • Лӕг зоны, йӕ ус раст уынаффӕтӕ кӕй фӕхӕссы, ӕмӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсы, алы фарстайы фӕдыл дӕр ӕй кӕй фӕрсдзӕн, уымӕ

Хорз ус у ӕнӕзивӕг ӕмӕ куыстуарзаг

31:13–27

  • Зоны фӕстауӕрц кӕнын ӕмӕ у бонзонгӕ, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бинонтӕн алы хатт дӕр вӕййы аив уӕлӕдарӕс ӕмӕ хӕрзхъӕд хӕринаг

  • Уый бон-изӕрмӕ фыдӕбон кӕны ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ зилы

Хорз ус у фидар уырнындзинады хицау

31:30

  • Уый тӕрсы Хуыцауӕй ӕмӕ архайы, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕна