НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
«Йӕ сӕрыхицауы йын базонынц... горӕты кулдуары раз»
Хорз ус йӕ сӕрыхицауӕн кад хӕссы. Паддзах Лемуилы заманты-иу хорз ус кӕмӕн уыд, уыцы лӕджы-иу «базыдтой... горӕты кулдуары раз» (Ӕм 31:23). Абон дӕр, хорз ном кӕмӕн ис, уыцы нӕлгоймӕгтӕ лӕггад кӕнынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй. Кӕд сын бинонтӕ ис, уӕд бирӕ кӕнгӕ у, сӕ цардӕмбӕлттӕ сӕхи куыд дарынц ӕмӕ сын куыд ӕххуыс кӕнынц, уымӕй (1Тм 3:4, 11). Ахӕм хорз устытӕн ӕрмӕст сӕ лӕгтӕ нӕ аргъ кӕнынц, фӕлӕ ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр.
Хорз ус йӕ лӕгӕн йӕ лӕггады ӕххуыс кӕны...
-
йӕ фӕлмӕн ныхасӕй йын йӕ ныфсыл ныфс кӕй ӕфтауы (Ӕм 31:26)
-
ӕмбырды йын йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕныныл бирӕ рӕстӕг кӕй цӕуы, уый кӕй ӕмбары (1Фс 2:7, 8)
-
цы йӕм ис, уый фагыл кӕй нымайы (1Тм 6:8)
-
ӕрмӕстдӕр бӕрнон ӕфсымӕртӕ кӕй хъуамӕ зоной, уыцы хъуыддӕгтӕй йӕ кӕй нӕ фӕфӕрсы (1Тм 2:11, 12; 1Пт 4:15)