Адӕмы ӕмбырды фембӕлдмӕ хонынц

КУСӔН ТЕТРАД 2016 аз, октябрь

Уацамынды ныхас райдайӕн куыд ис

Брошюрӕ «Иисус Христос – историческая личность?» ӕмӕ ӕмбырды фембӕлдмӕ хуынды гӕххӕтт. Спайда кӕн, мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы, уый тыххӕй кӕм фыст ис, уыцы рубрикӕйӕ «Рӕстдзинад амон». Ацы цӕвиттонтӕм гӕсгӕ ахъуыды кӕн, уацамынды дӕхӕдӕг ныхас куыд райдайдзынӕ, ууыл.

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

«Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл»

Ӕмбисӕндты 3 сӕр нӕ ныфс уадзы, Йегъовӕ Хуыцау нӕ кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн, нӕ зӕрдӕ йыл кӕй дарӕм, уый тыххӕй. Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл кӕй дарыс, уый куыд базонӕн ис?

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

«Дӕ зӕрдӕ уыцы... фӕндӕгтӕм ма аздӕхӕд»

Ӕмбисӕндты 7 сӕры фыст ис, ӕрыгон нӕлгоймаг йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйы закъӕттӕй куы аздӕхта, уӕд тӕригъӕды къӕппӕджы кӕй бахауд. Йӕ рӕдыдтытӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Зонд у зынаргъ дуртӕй дӕр хуыздӕр

Ӕмбисӕндты 16 сӕры фыст ис, ӕмбаргӕдзинад сызгъӕринӕй хуыздӕр кӕй у. Хуыцауӕй цы зонд цӕуы, уый тынг зынаргъ цӕмӕн у?

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Куыд ис хорз дзуаппытӕ бацӕттӕ кӕнӕн?

Хорз дзуапп адӕймагӕн йӕхицӕн дӕр пайда у ӕмӕ ӕмбырд дӕр фидар кӕны. Хорз дзуапп цавӕр вӕййы?

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл архай

Йегъовӕ Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цы фарн ис, уый йӕхигъдауӕй нӕ фӕзынд. Хуыцауы Ныхасы фӕрцы нӕ бон вӕййы нӕхиуыл фӕхӕцын ӕмӕ фарнмӕ тырнын.

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

«Дӕ сывӕллоны йӕ гыццылӕй раст фӕндагыл сӕвӕр»

Цӕмӕй сывӕллоны раст схъомыл кӕнай, уый тыххӕй йын зонд амонын цӕмӕн хъӕуы? Ӕмбисӕндты 22 сӕры ныййарджытӕн ис хорз уынаффӕтӕ.